Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 7:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Бафӕдзӕхста сын: «Ӕз-иу цы кӕнон, сымах дӕр — уый. Мидианӕгты рӕсӕнуатмӕ куы бацӕуӕм, уӕд-иу мӕн бафӕзмут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 7:17
7 Iomraidhean Croise  

Уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл.


Мӕн бафӕзмут, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ.


Ма рох кӕнут, Хуыцауы ныхас уын чи амыдта, уӕ уыцы хистӕрты; куыд фӕцардысты ӕмӕ сӕ цард цӕуыл ахицӕн, уый дарут уӕ зӕрдыл ӕмӕ сын фӕзмут сӕ уырнындзинад.


Уӕ бӕрны чи ис, уыдонӕн ӕлдӕрттӕ ма ут, фӕлӕ дзугӕн ут фӕзминаг.


Гедеон йе ’ртӕсӕдӕ хӕстоны ӕртӕ къордыл адих кодта, алкӕмӕ дӕр дзы радта сыкъауадындз ӕмӕ афтид хъуырауы ӕмбӕхст цырагъ.


Ӕз ӕмӕ, мемӕ цы къорд цӕуы, уыдон сӕ сыкъаудындзтӕй куы ныууасой, уӕд-иу сымах дӕр сӕ рӕсӕнуаты алыварс сыкъауадындзтӕй ныууасут ӕмӕ хъӕр кӕнут: „Дунедарӕг ӕмӕ Гедеоны сӕраппонд!“»


Уӕд Авимелех йӕ адӕмы фӕрӕттимӕ Цалмоны хохы цурмӕ ӕрбакодта, йӕ фӕрӕтӕй бӕласы къалиутӕ ӕрцагъта, йе ’ккоймӕ сӕ систа ӕмӕ йӕ хӕстонтӕн бардзырд радта: «Рӕвдздӕр! Сымах дӕр мӕн бафӕзмут!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan