Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 7:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Гедеон, фын цы амоны, уый куы фехъуыста, уӕд йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Дунедарӕгӕн арфӕ ракодта. Уый фӕстӕ израилӕгты рӕсӕнуатмӕ раздӕхт ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Сыстут! Дунедарӕг уын мидианӕгты рӕсӕнуат уӕ къухмӕ радта!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 7:15
15 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы раз мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн, бакуывтон ӕмӕ арфӕ ракодтон Дунедарӕгӕн, ме ’лдар Авраамы Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ рӕствӕндаг фӕкодта, цӕмӕй ме ’лдары хионы чызджы ракурон ме ’лдары фыртӕн.


Уыдон ын дзуапп радтой: «Фынтӕ федтам, ӕмӕ нын сӕ чи райхала, уый нӕй». Йосеф сын загъта: «Хуыцауы фӕрцы сын ис райхалӕн. Уӕ хорзӕхӕй, радзурут мын сӕ».


Ӕмӕ уыцы иу ӕхсӕв федтам фынтӕ, ӕз дӕр ӕмӕ уый дӕр. Алкӕй фынӕн дӕр нӕ уыди сӕрмагонд нысаниуӕг.


Ехуд йӕ адӕмӕн загъта: «Цомут мӕ фӕдыл! Дунедарӕг уын уе знӕгты, моавӕгты, уӕ къухмӕ радта». Израилӕгтӕ Ехуды фӕдыл хӕхтӕй рацыдысты. Иорданы цӕугӕдоны донуайӕнтӕ бацахстой ӕмӕ се знӕгтӕй, моавӕгтӕй, фаллаг фарсмӕ бахизын никӕй уагътой.


Деворӕ Баракӕн загъта: «Цӕугӕ! Абон дын Дунедарӕг Сисерайы дӕ къухмӕ ратдзӕни. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг цӕудзӕн дӕ разӕй!» Барак дӕс мин хӕстонимӕ Фаворы хохы сӕрӕй ӕрцыди.


ӕмӕ сын байхъус сӕ ныхӕстӕм. Уӕд фӕныфсджындӕр уыдзынӕ ӕмӕ рӕсӕнуатмӕ бабырсдзынӕ». Гедеон ӕмӕ йе ’ххуырст Пура, мидианӕгты хъахъхъӕнджытӕ кӕм лӕууыдысты, уырдӕм ныццыдысты.


Уӕд ын йе ’мбал афтӕ зӕгъы: «Уый израилаг Гедеоны, Иоасы фырты, хъама у. Дунедарӕг ын уӕлахиз радта, ӕмӕ ацы мидианӕгты рӕсӕнуат бацахсдзӕн».


Гедеон йе ’ртӕсӕдӕ хӕстоны ӕртӕ къордыл адих кодта, алкӕмӕ дӕр дзы радта сыкъауадындз ӕмӕ афтид хъуырауы ӕмбӕхст цырагъ.


Гедеон сын загъта: «Хорз! Дунедарӕг мын Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйы мӕ къухмӕ куы радта, уӕд уын найгӕнӕнау ӕмӕ сындзытау уӕ буӕрттӕ ныссӕнддзынӕн!»


Ныр та мӕ рад у, ӕмӕ Йын ӕй дӕттын: цард-цӕрӕнбонтӕм Дунедарӕджы у». Ӕмӕ лӕппу Дунедарӕджы раз ӕрзоныг кодта уым.


Ӕмӕ Ионатан ӕмӕ йӕ хотыхдармӕ фӕсидтысты: «Ссӕут нӕм, цыдӕр зӕгъинаг уын стӕм!» Ионатан йӕ хотыхдарӕн загъта: «Рацу мӕ фӕдыл! Дунедарӕг сӕ Израилы къухтӕм дӕтты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan