12 Мидианӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ скӕсӕны адӕмтӕ ӕрбынат кодтой дӕлвӕзы. Мӕтыхтау бирӕ уыдысты, сӕ теуатӕ — денджызы змисау, ӕнӕнымӕц.
Израилӕгтӕ дӕр скодтой ӕфсад, семӕ райстой хӕлц ӕмӕ сӕ ныхмӕ ӕрлӕууыдысты. Сириӕгтӕ бацахстой ӕнӕхъӕн быдыр, ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ разы уыдысты сӕгъты дыууӕ чысыл дзуджы хуызӕн.
Скӕсӕны бӕстӕтӕ ӕмӕ Мысыры ӕппӕт куырыхонтӕй куырыхондӕр сси.
Давиды псалом, йӕ фырт Авессаломӕй куы лыгъди, уӕд.
Дунедарӕг раст лӕгмӕ ӕркӕсы ӕмӕ йын фехъусы йӕ дзыназын,
Йӕ бӕлӕстӕ йын акалдзысты рӕбынӕй, зӕгъы Дунедарӕг, — йӕ тар хъӕд ын ныццӕгъддзысты: ӕнӕнымӕц сты мӕтыхтау.
Ӕмӕ уыдон се ’фсӕдтимӕ рараст сты сӕ хӕстон стӕры. Денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц уыдысты, тынг бирӕ сӕм уыди бӕхтӕ ӕмӕ хӕстон уӕрдӕттӕ.
Куыддӕр-иу сӕ хуымтӕ байтыдтой, афтӕ та-иу сӕм мидианӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ скӕсӕны адӕмтӕ ӕрбабырстой,
Мидианӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ скӕсӕны адӕмтӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты, цӕугӕдоны сӕрты бахызтысты ӕмӕ Изреелы дӕлвӕзы рӕсӕнуат скодтой.
Знӕгтӕ-иу ӕрбацыдысты ӕд бинонтӕ ӕмӕ ӕд фосы рӕгъӕуттӕ, мӕтыхтӕй-иу фылдӕр уыдысты. Сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ теуатӕн дӕр нымӕц нӕ уыди, ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу ӕнӕхъӕн бӕстӕ сафтид кодтой.
Гедеон рӕсӕнуатмӕ хӕстӕгдӕр бацыд ӕмӕ фехъуыста дыууӕ лӕджы ныхас. Уыдонӕй иу иннӕмӕн дзырдта: «Ӕз фыны уыдтон, цыма мидианӕгты рӕсӕнуатыл тымбыл хъӕбӕрхоры кӕрдзын фӕцӕйтылди. Цатыры онг куы батылд, уӕд ын ахӕм цӕф ныккодта, ӕмӕ цатыр афӕлдӕхт».
Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ фынддӕс мин хӕстонимӕ ӕрбынат кодтой Каркоры. Скӕсӕйнаг знӕмты ӕфсадӕй ма ӕрмӕстдӕр уый бӕрц баззади, ӕхсӕзыссӕдз мины дзы хӕсты фӕмард сты.
Филистимӕгтӕ растадысты Израилы ныхмӕ схӕцынмӕ. Уыди сӕм ӕртӕ мин тохуӕрдоны, ӕхсӕз мин бӕхджын ӕфсӕддоны ӕмӕ денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц фистӕг ӕфсад. Ӕрбацыдысты ӕмӕ Бет-Авенӕй скӕсӕнӕрдӕм, Михмасы цур, рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты.
Хур нӕма скасти, афтӕ сыл Давид йӕхи ныццавта ӕмӕ сӕ суанг изӕрмӕ цагъта. Ничи йын дзы аирвӕзти удӕгасӕй, ӕрмӕст цыппарсӕдӕ лӕппуйы теуатыл абадтысты ӕмӕ алыгъдысты.