Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 7:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 ӕмӕ сын байхъус сӕ ныхӕстӕм. Уӕд фӕныфсджындӕр уыдзынӕ ӕмӕ рӕсӕнуатмӕ бабырсдзынӕ». Гедеон ӕмӕ йе ’ххуырст Пура, мидианӕгты хъахъхъӕнджытӕ кӕм лӕууыдысты, уырдӕм ныццыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 7:11
15 Iomraidhean Croise  

Дӕ дурын ӕркъул кӕн ӕмӕ дон бануазон, зӕгъгӕ сӕ кӕмӕ бахатон, уый мын кӕд афтӕ зӕгъа, бануаз, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр дон бадардзынӕн, зӕгъгӕ, гъеуӕд-иу ӕй, Дӕ цагъар Исаакӕн кӕй саккаг кодтай, уыцы чызг фӕкӕн. Уымӕй базондзынӕн — ме ’лдары мын схайджын кодтай Дӕ хорзӕхӕй».


Авд боны цин кодтой Донгонд дзулты бӕрӕгбоныл. Уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг арфӕ ракодта, Ассирийы паддзахы зӕрдӕ сӕм раздӕхта, ӕмӕ сын уый йе ’ххуысы руаджы Израилы Хуыцауы хӕдзар аразынмӕ сӕ къухтӕ сфидар кодта.


Иууылдӕр нӕ тӕрсын кодтой, цӕмӕй нӕ ныфс асӕтта ӕмӕ хъуыддагӕй мацы рауайа. Фӕлӕ ӕз Хуыцаумӕ куывтон, цӕмӕй мын мӕ къух ноджы фидардӕр кӕна.


Ӕмӕ сӕ Хуыцау дӕрдтыл ӕрзилын кодта, ӕдзӕрӕг быдырыл сӕ акодта Сырх денджызы ’рдӕм. Израилӕгтӕ рӕнхъыстадӕй рацыдыстты Мысыры зӕххӕй.


Йӕ кады стырадӕй уын тых куыд ратта, Йӕ Уды руаджы уӕ удвидар куыд скӕна,


Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут Бардарӕгимӕ, Йӕ хъомыс ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы.


Мӕ бон алцыдӕр у Чырыстийы хъаруйӕ.


Кӕд тӕрсыс, уӕд уал сӕм де ’ххуырст Пураимӕ ныццу


Ӕмӕ Ионатан ӕмӕ йӕ хотыхдармӕ фӕсидтысты: «Ссӕут нӕм, цыдӕр зӕгъинаг уын стӕм!» Ионатан йӕ хотыхдарӕн загъта: «Рацу мӕ фӕдыл! Дунедарӕг сӕ Израилы къухтӕм дӕтты».


Уыцы рӕстӕг Саулы фырт Ионатан араст ис Хорешмӕ, Давидмӕ. Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар, зӕгъгӕ дзы ныфс бауагъта.


Давид загъта хеттаг Ахимелехӕн ӕмӕ Церуайы фырт Авишайӕн, Йоавы ӕфсымӕрӕн: «Мемӕ Саулы рӕсӕнуатмӕ чи ныццӕудзӕн?» Авишай йын дзуапп радта: «Ӕз ныццӕудзынӕн демӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan