10 Кӕд тӕрсыс, уӕд уал сӕм де ’ххуырст Пураимӕ ныццу
ӕмӕ сын байхъус сӕ ныхӕстӕм. Уӕд фӕныфсджындӕр уыдзынӕ ӕмӕ рӕсӕнуатмӕ бабырсдзынӕ». Гедеон ӕмӕ йе ’ххуырст Пура, мидианӕгты хъахъхъӕнджытӕ кӕм лӕууыдысты, уырдӕм ныццыдысты.
Ӕхсӕвы Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Ныццу дӕлӕмӕ ӕмӕ мидианӕгты рӕсӕнуатмӕ бабырс. Ӕз демӕ дӕн, фӕуӕлахиз сыл уыдзынӕ.
Давид загъта хеттаг Ахимелехӕн ӕмӕ Церуайы фырт Авишайӕн, Йоавы ӕфсымӕрӕн: «Мемӕ Саулы рӕсӕнуатмӕ чи ныццӕудзӕн?» Авишай йын дзуапп радта: «Ӕз ныццӕудзынӕн демӕ».