Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 7:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Райсомӕй раджы Иеруббаал, ома Гедеон, йе ’фсадимӕ Хароды суадоны был рӕсӕнуат скодта. Мидианӕгты рӕсӕнуат та уыдис цӕгатӕрдыгӕй, дӕлвӕзы, Морейы хохы цур.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 7:1
14 Iomraidhean Croise  

Ханааны зӕххыл сӕ фӕндаг адардтой ӕмӕ бафтыдысты Шехеммӕ, Морейы тулдз кӕм уыди, уыцы бынатмӕ. Уыцы зӕххыл уӕды заман ханаанӕгтӕ цардысты,


Авраам райсомӕй раджы саргъ сӕвӕрдта йӕ хӕрӕгыл, йемӕ ракодта йӕ цагъартӕй дыууӕйы ӕмӕ йӕ фырт Исаакы, иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссынӕн суг ныссаста ӕмӕ афтӕмӕй араст ис, Хуыцау ын цы бынат бацамыдта, уырдӕм.


хародаг Шамма; хародаг Елика;


Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, айс мын мӕ куывд! Йаковы Хуыцау, фехъус мын мӕ лӕгъстӕ!


Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


(Уыцы хӕхтӕ Иорданы фале сты, ныгуылӕнмӕ фӕндагыл, Аравӕйы ӕдзӕрӕг быдыры чи цӕры, уыцы ханаанӕгты бӕстӕйы, Гилгалы бакомкоммӕ, Морейы тулдзты цур.)


Сӕумӕраджы Йешуа ӕппӕт израилӕгтимӕ Ситтимӕй рараст Иорданы былгӕронмӕ ӕмӕ уым ӕрбынат кодтой фаллаг фарсмӕ бахизыны размӕ.


Авд сауджыны, алкӕмӕн дӕр йӕ сыкъауадындз йӕ къухы, афтӕмӕй, сыкъауадындзтӕй уасгӕйӕ, Дунедарӕджы Фидыды Чырыны разӕй араст сты. Уыдоны разӕй цыдысты гӕрзифтонг хӕстонтӕ, Фидыды Чырыны фӕдыл та, цӕуджытӕн се ’ппӕты фӕсте — хӕстонты иннӕ къорд; сыкъауадындзтӕ уасыдысты ӕнӕрӕнцойӕ.


Уыцы бон Гедеонӕн радтой ном Иеруббаал. Уый амоны «Баал йемӕ тох кӕнӕд», зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ Гедеон Баалы нывондхӕссӕн ныппырх кодта.


Мидианӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ скӕсӕны адӕмтӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты, цӕугӕдоны сӕрты бахызтысты ӕмӕ Изреелы дӕлвӕзы рӕсӕнуат скодтой.


Уыцы ’хсӕв ын Хуыцау йӕ курдиат сӕххӕст кодта. Хъуын баззади хусӕй, йӕ алыварс кӕрдӕг та иууылдӕр уыдис хуылыдз.


Иоасы фырт Иеруббаал (ома Гедеон) йӕ хӕдзары ӕрцарди.


Уӕд Дунедарӕг рарвыста Иеруббаалы, Беданы, Йеффайы ӕмӕ мӕн, Самуелы, фервӕзын уӕ кодта уӕ алыварс знӕгтӕй, ӕмӕ цардыстут ӕдасӕй.


Филистимӕгтӕ се ’ппӕт ӕфсад дӕр ӕрӕмбырд кодтой Афекмӕ, израилӕгтӕ та Изреелы сахармӕ хӕстӕг, суадоны цур, рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan