Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 6:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 уӕд сӕм Уый пехуымпары рарвыста. Пехуымпар израилӕгтӕн фехъусын кодта: — Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз уӕ ракодтон Мысырӕй,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 6:8
12 Iomraidhean Croise  

Уӕд Дунедарӕг израилӕгтӕн дӕр ӕмӕ иудейӕгтӕн дӕр фӕдзӕхсын райдыдта Йӕ алы пехуымпар ӕмӕ йӕ алы зонынджыны уылты: «Ныууадзут уе ’наккаг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ Мын ӕххӕст кӕнут Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ, кӕддӕр уӕ фыдӕлтӕн, ныр та сымахӕн дӕр Мӕ пехуымпарты фӕрцы кӕй бафӕдзӕхстон, уыдон».


Фидӕны сымах уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы ӕгъдау цы амоны, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут, ацы ӕгъдау нын нӕ зӕрдыл ӕрӕфтауы, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — куыд ракодта, уый.


Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут.


Мидианӕгтӕй фервӕзыны тыххӕй израилӕгтӕ Дунедарӕгӕй ӕххуыс агурын куы райдыдтой,


фервӕзын уӕ кодтон мысырӕгтӕй ӕмӕ уе ’ппӕт знӕгтӕй, уе знӕгты уын атардтон ӕмӕ уын сӕ зӕххытӕ радтон.


Загъта сын: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: „Израилы ракодтон Мысырӕй. Фервӕзын уӕ кодтон мысырӕгты къухӕй ӕмӕ, ноджыдӕр ма уӕ чи ӕфхӕрдта, уыцы паддзахӕдты къухӕй дӕр“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan