Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 6:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Мидианӕгты ӕрбабырстытӕй израилӕгтӕ сӕ мӕгуыры хъистӕ хӕрынмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 6:6
13 Iomraidhean Croise  

Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.


О Дунедарӕг! Бӕллӕхы заман Дӕу агурынц адӕм, цӕмӕй сын ахъаз бакӕнай. Куы сӕ бафхӕрыс, уӕд дӕм мынӕг хъӕлӕсӕй фӕкувынц.


Уыцы адӕм дын аныхъуырдзысты дӕ тыллӕг ӕмӕ дӕ хор, дӕ фыртты ӕмӕ дӕ чызджыты, дӕ фысты ӕмӕ дӕ галты, дӕ сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ дӕ легъуи бӕлӕстӕ. Бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ — ныфсджын кӕмӕй дӕ, уыдон — ныддӕрӕн кӕндзысты кардӕй.


Фӕстӕмӕ раздӕхдзынӕн Мӕ бынатмӕ, цалынмӕ сӕ азым ӕрӕмбарой ӕмӕ Мӕ ӕрцагурой, уӕдмӕ.


Едомӕгтӕ зӕгъдзысты: «Ныддӕрӕн нӕ кодтой, нӕ хӕлддзӕгтӕ ногӕй рацаразӕм». Фӕлӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Уыдон сараздзысты, Ӕз та сӕ ногӕй ныппырх кӕндзынӕн; схондзысты сӕ ӕлгъыст бӕстӕ, Дунедарӕг мыггагмӕ кӕй ралгъыста, ахӕм адӕм.


Уе ’хсӕн цы ’рцӕуӕггӕгтӕ ис, уыдон уӕ цуры уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр кӕндзысты, сымах та — дӕлдӕрӕй-дӕлдӕр.


ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой: «Тӕригъӕдджын стӕм Дӕ разы! Нӕ Хуыцауы ныууагътам ӕмӕ Баалтӕн лӕггад кӕнын райдыдтам!»


Ӕстдӕс азы фӕстӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой, ӕмӕ та сын се ’хсӕнӕй ног фӕтӕджы сӕвзӕрста. Уый уыди Герайы фырт Ехуд, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй. Ехуд уыди галиуӕг. Израилӕгтӕ йӕ Моавы паддзах Еглонмӕ хъалонимӕ куы арвыстой,


Израилӕгтӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой, ӕмӕ сын Уый радта ирвӕзынгӕнӕджы, Гофниелы, Калевы кӕстӕр ӕфсымӕр Кеназы байзӕддаджы.


Сисерамӕ уыдис фарастсӕдӕ ӕфсӕн тохуӕрдоны. Ссӕдз азы дӕргъы израилӕгты хъизӕмарӕй фӕмардта, ӕмӕ та Дунедарӕгмӕ скуывтой.


Мидианӕгтӕй фервӕзыны тыххӕй израилӕгтӕ Дунедарӕгӕй ӕххуыс агурын куы райдыдтой,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan