Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 6:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Гедеон та загъта Хуыцауӕн: «Ма мӕм смӕсты у, ацы хъуыныл ма мын ноджы иу нысан равдис. Ныр та хъуын хусӕй баззайӕд, йӕ алыварс та ӕртӕх фӕзынӕд».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 6:39
14 Iomraidhean Croise  

Авраам та загъта: «Бардарӕг ма смӕсты уӕд, фӕлӕ ма, зӕгъын, куы бафӕрсин: ныр дзы дӕс ӕмӕ ссӕдз рӕстгӕнӕджы разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Дӕс ӕмӕ ссӕдз рӕстгӕнӕджы дзы куы ссарон, уӕд дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн».


Авраам та загъта: «Бардарӕг ма смӕсты уӕд, фӕстаг хатт ма Дӕ, зӕгъын, куы бафӕрсин: ныр дзы дӕс разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Дӕсы тыххӕй дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн».


Куы уӕм-иу ӕрцыдтӕн, уӕд-иу уӕ Мӕ размӕ куыд ничи рацыд? Куы уӕм-иу бадзырдтон, уӕд-иу Мын дзуапдӕттӕг куыд ничи фӕцис? Сымах ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Мӕ къух фӕцыбыр ис, Ӕз сӕдых дӕн ӕмӕ сымах фервӕзын кӕнынхъом нал дӕн. Фӕлӕ Ӕз Ме ’ртхъирӕнӕй басур кӕнын денджыз, цӕугӕдӕттӕ фестын кӕнын сыгъд быдыр, ӕмӕ сӕ кӕсӕгтӕ бамбийынц ӕнӕ донӕй, дойныйӕ ныххӕдмӕл вӕййынц.


Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахад сымахӕй ист ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, пайда чи дӕтты, уыцы адӕмӕн ӕй рардӕуыдзӕн.


Паддзахад нысангонд кӕмӕн уыд, уыдон та ӕппӕрст ӕрцӕудзысты ӕддӕмӕ, талынгмӕ; ӕмӕ уырдыгӕй хъуысдзӕни сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс».


Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фехъусын кӕнын фыццаг ӕмбӕлди сымахӕн, фӕлӕ йыл кӕй не ’рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ мах цӕуӕм муртаттӕгтӕм.


Бардарӕг мын загъта: „Ацу, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз дардмӕ, муртаттӕгтӕм, арвитдзынӕн“».


Уӕдӕ йӕ зонут: Хуыцау адӕймаджы кӕй ирвӕзын кӕны, уыцы уац муртаттӕгтӕн ӕрвыст у; хъусгӕ дӕр ӕй уыдон фӕкӕндзысты».


Куыд загъта, афтӕ рауади. Дыккаг бон Гедеон райсомӕй сыстад, хъуын лӕмарын байдыдта, ӕмӕ кӕхц донӕй айдзаг ис.


Уыцы ’хсӕв ын Хуыцау йӕ курдиат сӕххӕст кодта. Хъуын баззади хусӕй, йӕ алыварс кӕрдӕг та иууылдӕр уыдис хуылыдз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan