38 Куыд загъта, афтӕ рауади. Дыккаг бон Гедеон райсомӕй сыстад, хъуын лӕмарын байдыдта, ӕмӕ кӕхц донӕй айдзаг ис.
Тӕвд змис кӕм уыди, уым фестдзӕни цад, хуыскъ зӕххы та суадӕттӕ кӕлдзӕн. Мӕрдтыбирӕгътӕн сӕ цӕрӕн кӕм уыд — цъӕх-цъӕхид фӕз фестдзӕн, уым зайдзӕн цъӕнут ӕмӕ хъӕз.
Сауджын маргъы нывондхӕссӕнмӕ бахӕссӕд, йӕ къубал ын фездухӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд, йӕ туг та йын нывондхӕссӕны фарсыл бакалӕд.
Уӕдӕ кӕс, мӕнӕ ӕз ацы ран, мусы, ӕвӕрын ногӕлвыд фысы хъуын. Хъуыныл ӕртӕх куы фӕзына, йӕ алыварс цы зӕхх ис, уый та хусӕй куы баззайа, уӕд мӕ бауырндзӕни, Ды Израилы мӕ къухӕй кӕй фервӕзын кӕндзынӕ, уый, зӕрдӕ мын куыд бавӕрдтай, афтӕ».
Гедеон та загъта Хуыцауӕн: «Ма мӕм смӕсты у, ацы хъуыныл ма мын ноджы иу нысан равдис. Ныр та хъуын хусӕй баззайӕд, йӕ алыварс та ӕртӕх фӕзынӕд».