36 Гедеон Хуыцауӕн загъта: «Израилы адӕмы ӕцӕгдӕр, зӕрдӕ мын куыд бавӕрдтай, афтӕ мӕ къухӕй фервӕзын кӕнынмӕ хъавыс?
Аврам бафарста: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, цӕмӕй бӕрӕг у, ацы зӕхх мӕн кӕй уыдзӕни, уый?»
Исайа йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дын Дунедарӕджы нысан — Дунедарӕг Йӕ зӕрдӕвӕрд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн: зӕгъ-ма, аууон дӕс къӕпхӕны бӕрц дӕлӕмӕ ӕрцӕудзӕн кӕнӕ дӕс къӕпхӕны бӕрц уӕлӕмӕ?».
«Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, ӕвдисӕйнаг ракур, фӕнды дӕлдзӕхӕй, фӕнды уӕларвӕй — уӕлдай нӕу».
Уӕдӕ уын Бардарӕг Йӕхӕдӕг фенын кӕндзӕн ӕвдисӕйнаг: Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ Фырт ныййардзӕн, схондзӕн Ӕй Эммануил.
Йесомӕ бацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ ӕмӕ Дзы — Йӕ бафӕлварыны тыххӕй — домдтой, уӕларвӕй нын ӕвдисӕйнаг равдис, зӕгъгӕ.
Дунедарӕг ӕм бакаст ӕмӕ йын загъта: «Уӕ сахъ гуырд, цӕугӕ ӕмӕ Израилы мидианӕгты ӕфсондзӕй фервӕзын кӕн. Ӕз дӕ ӕрвитын».
Дунедарӕг ын загъта: «Ӕз уыдзынӕн демӕ, ӕмӕ мидианӕгты фӕстаг лӕджы онг ныццӕгъддзынӕ».
Уӕдӕ кӕс, мӕнӕ ӕз ацы ран, мусы, ӕвӕрын ногӕлвыд фысы хъуын. Хъуыныл ӕртӕх куы фӕзына, йӕ алыварс цы зӕхх ис, уый та хусӕй куы баззайа, уӕд мӕ бауырндзӕни, Ды Израилы мӕ къухӕй кӕй фервӕзын кӕндзынӕ, уый, зӕрдӕ мын куыд бавӕрдтай, афтӕ».
Фӕлӕ нын афтӕ куы зӕгъой: „Ссӕут нӕм“, уӕд уымӕй базондзыстӕм, Дунедарӕг нын сӕ нӕ къухтӕм кӕй радта, уый. Ӕмӕ сӕм ссӕудзыстӕм».