32 Уыцы бон Гедеонӕн радтой ном Иеруббаал. Уый амоны «Баал йемӕ тох кӕнӕд», зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ Гедеон Баалы нывондхӕссӕн ныппырх кодта.
Иеруббаалы фырт Авимелех дӕр Тевецы афтӕмӕй нӕ фӕмард? Цыдӕр сылгоймаг ыл сисы сӕрӕй куыройы фыды къӕртт ӕрӕппӕрста ӕмӕ йӕ амардта! Сисмӕ хӕстӕг цӕмӕн бацыдыстут?“ Ды-иу ын дзуапп ратт: „Дӕ цагъар хеттаг Уриа дӕр фӕмард“».
О Иудей! Дӕ сахартӕ цӕйбӕрц сты, дӕ хуыцӕуттӕ дӕр — уый бӕрц! Йерусалимы цал уынджы ис, уал нывондхӕссӕны дзы сӕвӕрдтат, цӕмӕй сыл ӕлгъаг Баалӕн будсудзӕн кӕнат!
«Ӕдзӕрӕг быдыры сӕнӕфсирау Ӕз ссардтон Израилы, сӕ фыдӕлтӕ Мын уыдысты легъуи бӕласы фыццаг дыргъау. Фӕлӕ Баал-Пеормӕ куы ацыдысты ӕмӕ сӕхи уыцы ӕлгъаг гуымирыйӕн куы снывонд кодтой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр сӕлгъаг сты уыйау.
Уӕд Иоас, йӕ алыварс цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдоныл ныхъхъӕр кодта: «Ӕмӕ Баалы сӕрыл сымах хъуамӕ хӕцат? Йӕ фарс чи хӕца, уый ацы тӕккӕ райсом амарын кӕндзынӕн! Кӕд Баал хуыцау у, уӕд йӕхӕдӕг тох кӕнӕд йемӕ, уымӕн ӕмӕ йын йӕ нывондхӕссӕн ныппырх кодта!»
Райсомӕй раджы Иеруббаал, ома Гедеон, йе ’фсадимӕ Хароды суадоны был рӕсӕнуат скодта. Мидианӕгты рӕсӕнуат та уыдис цӕгатӕрдыгӕй, дӕлвӕзы, Морейы хохы цур.
Стӕй Иеруббаалы (Гедеоны) мыггагӕн дӕр, Израилы сӕраппонд цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон хӕрзтӕй нӕ бафыстой.
Уӕд Дунедарӕг рарвыста Иеруббаалы, Беданы, Йеффайы ӕмӕ мӕн, Самуелы, фервӕзын уӕ кодта уӕ алыварс знӕгтӕй, ӕмӕ цардыстут ӕдасӕй.