Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 6:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Хъӕуы цӕрджытӕ Иоасӕн загътой: «Дӕ фырт ныппырх кодта Баалы нывондхӕссӕн, акалдта Ашерӕйы цӕджындз! Ракӕн нӕм ӕй! Хъуамӕ мард ӕрцӕуа!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 6:30
7 Iomraidhean Croise  

Сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ уӕздӕттӕн, стӕй ӕппӕт адӕмӕн загътой: «Ацы адӕймагӕн марыны тӕрхон рахӕссын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ацы сахары ныхмӕ пехуымпариуӕг кодта. Уый сымах фехъуыстат уӕхи хъустӕй!»


Йӕ цӕугӕдӕттӕ бахус уыдзысты, уымӕн ӕмӕ уый у гуымирыты зӕхх! Уыдоны тыххӕй йӕ цӕрджытӕн сӕ сӕрызонд фӕцыд!


Синагогӕтӕй тард ӕрцӕудзыстут. Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, сымах чи мара, уый афтӕ ӕнхъӕл уыдзӕн, цыма уымӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕны.


Ӕз дӕр афтӕ ӕнхъӕл уыдтӕн, Назаретаг Йесойы номы ныхмӕ мын мӕ тых, мӕ бонӕй тохгӕнгӕ у.


диныл фырӕнувыдӕй — Аргъуан ӕфхӕрӕг, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ — ӕнӕфау рӕстгӕнӕг.


Адӕм кӕрӕдзийы фарстой, уӕдӕ уый чи уыдаид, зӕгъгӕ. Фӕцагуырдтой ӕмӕ базыдтой, Иоасы фырт Гедеон кӕй уыдис, уый.


Уӕд Иоас, йӕ алыварс цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдоныл ныхъхъӕр кодта: «Ӕмӕ Баалы сӕрыл сымах хъуамӕ хӕцат? Йӕ фарс чи хӕца, уый ацы тӕккӕ райсом амарын кӕндзынӕн! Кӕд Баал хуыцау у, уӕд йӕхӕдӕг тох кӕнӕд йемӕ, уымӕн ӕмӕ йын йӕ нывондхӕссӕн ныппырх кодта!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan