29 Адӕм кӕрӕдзийы фарстой, уӕдӕ уый чи уыдаид, зӕгъгӕ. Фӕцагуырдтой ӕмӕ базыдтой, Иоасы фырт Гедеон кӕй уыдис, уый.
Чидӕриддӕр ӕм бакува — ӕнӕмӕнг фегад уыдзысты, уымӕн ӕмӕ уыцы гуымиры саразӕг адӕймаг у. Уӕдӕ уыцы адӕм иумӕ ӕрӕмбырд уӕнт ӕмӕ тӕрхоны раз ӕрлӕууӕнт. Фӕтӕрсдзысты ӕмӕ сӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн.
Уӕд ӕй бафарстой: «Афтӕ дын Чи загъта: „Сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу“, уыцы Адӕймаг чи у?»
Райсомӕй хъӕуы цӕрджытӕ куы сыстадысты, уӕд федтой: Баалы нывондхӕссӕн пырх, Ашерӕйы цӕджындз — калд, ногарӕзт нывондхӕссӕныл та нывондӕн ӕрхастӕуыд хӕрзхаст гал.
Хъӕуы цӕрджытӕ Иоасӕн загътой: «Дӕ фырт ныппырх кодта Баалы нывондхӕссӕн, акалдта Ашерӕйы цӕджындз! Ракӕн нӕм ӕй! Хъуамӕ мард ӕрцӕуа!»