Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 6:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Гедеон йе ’ххуырстытӕй дӕс лӕджы равзӕрста ӕмӕ йын Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ бакодта. Ӕрмӕст боныгон нӕ, фӕлӕ ӕхсӕвы, уымӕн ӕмӕ тарстис йӕ хӕстӕджытӕй ӕмӕ иннӕ адӕмӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 6:27
10 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмбал кӕм ис? Йӕ паддзахы бадӕн бӕрзонд у,


Уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл.


Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд стут Мӕ хӕлӕрттӕ.


Уӕд Йӕ мад лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста: «Цы уын зӕгъа, уый-иу бакӕнут».


Уый ӕхсӕвы ӕрбацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Равви, мах зонӕм, Ды, Хуыцауӕй Чи ӕрцыд, ахӕм Ахуыргӕнӕг кӕй дӕ. Уымӕн ӕмӕ, Ды цы диссӕгтӕ аразыс, уыдон саразын никӕй бон бауыдзӕн, Хуыцау йемӕ куынӕ уа, уӕд».


мӕнӕн Йӕ Фырты раргом кӕнын, Йӕ Фарны Уац муртаттӕгтӕм цӕмӕй хӕссон, уӕд адӕмӕй никӕимӕ уынаффӕ кодтон.


Ӕрбайхъусут уӕдӕ, израилӕгтӕ, цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтыл уӕ ахуыр кӕнын, уыдонмӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый уӕхи бакӕнат.


Хуыцау мах бафӕлвӕрдта ӕмӕ нын бабар кодта Фарны Уац, ӕмӕ нӕ ныхас дӕр ахӕм у — архайӕм адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл нӕ, фӕлӕ нӕ зӕрдӕтӕ зонӕг Хуыцауы зӕрдӕ балхӕныныл.


Уыдоны бӕсты уыцы къуыбырыл Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, нывондхӕссӕн сараз ӕмӕ йыл, цы хъӕуы, уыдӕттӕ сӕвӕр. Хӕрзхаст гал-иу равзар ӕмӕ йӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсс, кӕй акалай, уыцы Ашерӕйы цӕджындз та-иу дын сугӕн ацӕуӕд».


Райсомӕй хъӕуы цӕрджытӕ куы сыстадысты, уӕд федтой: Баалы нывондхӕссӕн пырх, Ашерӕйы цӕджындз — калд, ногарӕзт нывондхӕссӕныл та нывондӕн ӕрхастӕуыд хӕрзхаст гал.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan