Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 6:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Уыдоны бӕсты уыцы къуыбырыл Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, нывондхӕссӕн сараз ӕмӕ йыл, цы хъӕуы, уыдӕттӕ сӕвӕр. Хӕрзхаст гал-иу равзар ӕмӕ йӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсс, кӕй акалай, уыцы Ашерӕйы цӕджындз та-иу дын сугӕн ацӕуӕд».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 6:26
8 Iomraidhean Croise  

Уыцы бон Гад бацыди Давидмӕ ӕмӕ йын загъта: «Цу ӕмӕ йевусаг Орнайы мусы Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн сараз».


Орнайы дзуапп уыди Давидӕн: «Цыдӕриддӕр ӕй фӕнды, уый айсӕд мӕ бардарӕг паддзах ӕмӕ ӕрхӕссӕд йӕ зӕрдӕйы фӕндиаг нывонд. Иууылсудзинагӕн — мӕнӕ галтӕ, сугӕн та — найгӕнӕн дзоныгътӕ ӕмӕ галты ӕфсондз.


Сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын фехалут, ныппырх сын кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ, акалут Ашерӕйы цӕджындзтӕ.


уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕмтъерыйы Хуыцау нӕу, фӕлӕ у фарндӕттӕг Хуыцау. Уыцы фарнӕй хайджын сты сыгъдӕджыты ӕппӕт аргъуантӕ.


Ӕппӕт дӕр уӕд нывыл ӕмӕ ӕгъдауыл.


Ӕхсӕвы Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Дӕ фыды рӕгъауӕй хӕрзхаст авдазыккон гал ракӕн ӕмӕ, дӕ фыдмӕ чи ис, уыцы Баалы нывондхӕссӕн ныппырх кӕн. Йӕ фарсмӕ Ашерӕйы цӕджындз дӕр акал.


Гедеон йе ’ххуырстытӕй дӕс лӕджы равзӕрста ӕмӕ йын Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ бакодта. Ӕрмӕст боныгон нӕ, фӕлӕ ӕхсӕвы, уымӕн ӕмӕ тарстис йӕ хӕстӕджытӕй ӕмӕ иннӕ адӕмӕй.


Уӕрдон Бет-Шемешы цӕрӕг Йешуайы быдырмӕ бахӕццӕ ӕмӕ стыр дуры цур ӕрлӕууыд. Уыцы ран уӕрдон сугӕн ныссастой ӕмӕ хъуццыты Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхастой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan