Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 6:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Ӕхсӕвы Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Дӕ фыды рӕгъауӕй хӕрзхаст авдазыккон гал ракӕн ӕмӕ, дӕ фыдмӕ чи ис, уыцы Баалы нывондхӕссӕн ныппырх кӕн. Йӕ фарсмӕ Ашерӕйы цӕджындз дӕр акал.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 6:25
14 Iomraidhean Croise  

Йаков йӕ бинонтӕн ӕмӕ, йемӕ чидӕриддӕр уыдис, уыдонӕн бафӕдзӕхста: «Аппарут, ӕцӕгӕлон хуыцауӕй уӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уӕ дарӕс раивут.


Илийа адӕмы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Уӕ дыууӕ къахӕй ма бирӕ къуылых цӕудзыстут, цас ракӕ-бакӕ кӕнут? Кӕд Дунедарӕг у уӕ Хуыцау, уӕд Уымӕн кувут, кӕд Баал, уӕд та — уымӕн!» Адӕмӕй хъыпп-сыпп ничи сфӕрӕзта.


Ӕппӕтхъомысмӕ раздах де ’ргом, ӕмӕ та ногӕй дӕ цард йӕ гаччы сбаддзӕн, ӕрмӕст фӕсур дӕ цатырӕй тӕригъӕд.


О Дунедарӕг! Фехъус мын мӕ куывд, мӕ дзыназын Дӕм сыхъуысӕд.


Сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын фехалут, ныппырх сын кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ, акалут Ашерӕйы цӕджындзтӕ.


Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый Мӕн аккаг нӕу. Йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый дӕр Мӕн аккаг нӕу.


Никӕй бон у дыууӕ хицауӕн кусын — сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕни, кӕнӕ сӕ иуыл иузӕрдион уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕни. Уӕ бон нӕ бауыдзӕни Хуыцауӕн дӕр ӕмӕ ӕхцайӕн дӕр лӕггад кӕнын.


Фӕлӕ сын Петр ӕмӕ Иоанн дзуапп радтой: «Ахъуыды-ма кӕнут уӕхӕдӕг, Хуыцауы коммӕ нӕ, фӕлӕ уӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд уый Хуыцаумӕ раст фӕкӕсдзӕн?


Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дзуапп радтой: «Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм.


Фӕлтау сын сӕ нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кӕнут, сӕ табуйаг дуртӕ сын ныссӕттут, Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалут, сӕ гуымирыты сын арты хай бакӕнут.


Израилӕгтӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы хъуыддӕгтӕ уыдысты, уыдоныл фӕцалх сты, Баалтӕн лӕггад кодтой.


Израилӕгтӕй сӕ Хуыцау ферох ис, тӕригъӕды бацыдысты, Баалтӕ ӕмӕ Ашерӕтӕн лӕггад кодтой.


Уыдоны бӕсты уыцы къуыбырыл Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, нывондхӕссӕн сараз ӕмӕ йыл, цы хъӕуы, уыдӕттӕ сӕвӕр. Хӕрзхаст гал-иу равзар ӕмӕ йӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсс, кӕй акалай, уыцы Ашерӕйы цӕджындз та-иу дын сугӕн ацӕуӕд».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan