23 Дунедарӕг ын загъта: «Ӕрсабыр у! Ма тӕрс, нӕ амӕлдзынӕ».
Йаков уыцы бынат схуыдта Пенуел, уымӕн ӕмӕ, дам, Хуыцауы федтон ныхӕй-ныхмӕ ӕмӕ удӕгасӕй баззадтӕн.
Уалынмӕ хур скаст, ӕмӕ Йаков Пенуелӕй рараст ис. Йӕ синӕй цыди къуылых.
Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сын загъта: «Тыхсгӕ ма кӕнут ӕмӕ ма тӕрсут! Айразмӕ мӕм уе ’взист фӕхӕццӕ ис. Уыцы хӕзна та уын, ӕвӕццӕгӕн, уӕ Хуыцау, уӕ фыды Хуыцау, нывӕрдта уӕ голджыты». Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сӕм Симеоны ракодта
О Дунедарӕг, хуыцӕутты ’хсӕн Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Уымӕн ӕмӕ, Ды цы хъуыддӕгтӕ аразыс, уыдон никӕмӕн бантысдзысты!
Уый мын загъта: «Ма тӕрс, Хуыцау дӕ бирӕ уарзы. Фӕрнджын у! Дӕхи фӕхъӕддых кӕн!» Цалынмӕ мемӕ дзырдта, уӕдмӕ мӕхимӕ ӕрцыдтӕн ӕмӕ загътон: «Дзур, мӕ хицау, раздӕхтай мын мӕ хъару».
Фарн уын уадзын Мӕ фӕстӕ, Мӕ фарн уын дӕттын. Дуне куыд дӕтты, Ӕз уын ӕй афтӕ нӕ дӕттын. Мацӕуыл тыхсут ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсут.
Уыцы бон изӕрӕй, къуырийы фыццаг бон, ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмбырдӕй уыдысты иумӕ. Иудейӕгтӕй тарстысты ӕмӕ дуӕрттӕ сӕхгӕдтой. Уӕд уатмӕ ӕрбацыди Йесо, ӕрлӕууыди сӕ разы ӕмӕ загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут!»
Аст боны фӕстӕ та ахуыргӕнинӕгтӕ уыдысты хӕдзары, Фома дӕр — семӕ. Дуӕрттӕ ӕхгӕд уыдысты, афтӕмӕй ӕрбацыди Йесо, ӕрлӕууыди сӕ астӕу ӕмӕ загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут!»
Ӕз сидын, Хуыцау кӕй бауарзта ӕмӕ кӕй ӕрхуыдта, Ромы уыцы сыгъдӕджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.
Зӕронд лӕг ын загъта: «Ма тыхс, цы уӕ хъӕуа, уый уын ратдзынӕн. Уе ’хсӕв уынджы ма арвитут».
Уӕд Гедеон бамбӕрста, ӕцӕгӕйдӕр Дунедарӕджы зӕд кӕй уыдис, уый, ӕмӕ ныхъхъӕрзыдта: «О Дунедарӕг! Додойаг фӕдӕн! Ӕз лӕгӕй-лӕгмӕ федтон Хуыцауы зӕды!»
Уыцы ран Гедеон Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн сарӕзта ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Яхве-Шалом. Уыцы нывондхӕссӕн абоны онг дӕр ис Офрайы, Авиезеры зӕххыл.