Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 6:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Зӕд ын загъта: «Райс дзидза ӕмӕ гуылтӕ, сӕвӕр сӕ ацы дурыл ӕмӕ сыл бас ныккӕн». Гедеон Йӕ коммӕ бакасти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 6:20
7 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ бахатыд: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд Дӕ курын, ӕмӕ Дӕ цагъары иувӕрсты ма ацу.


Маноах Дунедарӕджы зӕдӕн загъта: «Иу чысыл ма нӕм афӕстиат у, сӕныкк дын акусарт кӕнӕм».


Дунедарӕджы зӕд ын дзуапп радта: «Куы уӕм афӕстиат уон, уӕддӕр уын уӕ хӕринагӕй нӕ бахӕрдзынӕн. Фӕлӕ дӕ кӕд Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссын фӕнды, уӕд бакӕн афтӕ». Маноах нӕма ’мбӕрста, йӕ разы Дунедарӕджы зӕд кӕй лӕууы, уый,


Маноах сӕныччы, стӕй хойраджы хуынтӕ райста ӕмӕ къӕдзӕхыл Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывонд ӕрхаста. Маноах ӕмӕ йӕ ус сӕхи цӕстӕй федтой, Дунедарӕг цы диссаг сарӕзта, уый.


Гедеон ауади, сӕныкк акусарт кодта ӕмӕ ссады ефӕйӕ гуылтӕ афыхта донгонд хыссӕйӕ. Дзидза нывӕрдта чыргъӕды, бас та хъуырауы ныккодта, тулдзы бынмӕ сӕ ахаста ӕмӕ сӕ уазӕджы раз ӕрӕвӕрдта.


Уӕд Дунедарӕджы зӕд йӕ лӕдзӕджы кӕронӕй дзидза ӕмӕ гуылтыл андзӕвыд, дурӕй арты ’взӕгтӕ рацыдис ӕмӕ сӕ басыгътой. Уыцы рӕстӕг Дунедарӕджы зӕд фӕцыдӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan