2 Израилӕгтӕ мидианӕгты ’фсондзы бын хъизӕмарӕй мардысты, къӕдзӕхты цъассыты, лӕгӕтты ӕмӕ ӕвадат хӕхты бӕрзӕндты бамбӕхстысты.
Ахӕмтӕ хуыскъ адӕгты скӕнынц бынат, къӕдзӕхы ’хсӕнты, зӕххы скъуыдты ӕрцӕрынц.
Годолийы тыххӕй кӕй амарын кодта, уыцы адӕмы мӕрдтӕ Нетаниайы фырт Измаел цъайы ныппӕрста. Уыцы цъай кӕддӕр, израилаг паддзах Баасайы ныхмӕ хӕцгӕйӕ, сарӕзта паддзах Аса. Нетаниайы фырт Измаел цъай мӕрдтӕй байдзаг кодта.
Моавы цӕрджытӕ, уӕ сахартӕ ныууадзут ӕмӕ къӕдзӕхтыл ӕрцӕрут, лӕгӕтты сӕрмӕ ахстӕттӕ цы хъӕддаг бӕлӕттӕ скӕнынц, уыдоны бафӕзмут.
Мӕ азары хай уӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл уе знӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты; ӕлдариуӕг уын кӕндзысты, ӕмӕ уӕ сургӕ ничи кӕндзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут.
Ӕппӕт дуне кӕй аккаг нӕ уыди, уыдон рахау-бахау кодтой ӕдзӕрӕг быдырты ӕмӕ хӕхты, лӕгӕтты ӕмӕ цъассыты.
Зӕххон паддзӕхтӕ ӕмӕ стыр хицӕуттӕ, ӕфсӕддон разамонджытӕ ӕмӕ хъӕздгуытӕ, тыхджынтӕ, алы цагъар ӕмӕ алы сӕрибар дӕр бамбӕхстысты лӕгӕтты ӕмӕ хӕхты — къӕдзӕхты ӕхсӕн.
Уыдон сӕ ссӕстой ӕмӕ сӕ хурхӕй мардтой. Ӕстдӕс азы дӕргъы израилӕгтӕй Иорданы фале, Галаады, аморӕгты зӕххыл чи царди, уыдоны уӕлӕмӕ скӕсын дӕр нал суагътой.
Аммонӕгтӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ бахызтысты, цӕмӕй Иудӕ, Бениамин ӕмӕ Ефремы фӕдонтӕм бабырсой. Израилӕгтӕ тынг уӕззау уавӕры бахаудысты,
Куыддӕр-иу сӕ хуымтӕ байтыдтой, афтӕ та-иу сӕм мидианӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ скӕсӕны адӕмтӕ ӕрбабырстой,
Израилӕгтӕ уыдтой сӕ уӕззау уавӕр, уынгӕджы фесты ӕмӕ сӕхи ӕмбӕхстой лӕгӕтты, цъассыты, къӕдзӕхты скъуыдты, зӕппӕдзты ӕмӕ донуӕтты.
Филистимӕгтӕ сӕ куы федтой, уӕд загътой: «Мӕнӕ дзуттӕгтӕ се ’мбӕхсӕн цъассытӕй рацыдысты».