Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 6:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Гедеон ауади, сӕныкк акусарт кодта ӕмӕ ссады ефӕйӕ гуылтӕ афыхта донгонд хыссӕйӕ. Дзидза нывӕрдта чыргъӕды, бас та хъуырауы ныккодта, тулдзы бынмӕ сӕ ахаста ӕмӕ сӕ уазӕджы раз ӕрӕвӕрдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 6:19
9 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ бахатыд: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд Дӕ курын, ӕмӕ Дӕ цагъары иувӕрсты ма ацу.


Уӕ цагъарӕн йӕ рӕзты кӕм цӕут, уым уын ӕз ӕрӕвӕрдзынӕн къӕбӕр, ӕмӕ, куы фӕхъуыртхъом уат, уӕд уӕ фӕндагыл цӕудзыстут дарддӕр». Уыдон загътой: «Хорз, куыд загътай, афтӕ бакӕн».


Пецы фых хойраджы хуын хъуамӕ уа мӕнӕуы ссадӕй: сойхӕццӕ ссадӕй донгонд гуылтӕ кӕнӕ сойӕ сӕрст донгонд лауаситӕ.


Йесо ма сын ракодта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, сылгоймаг ссады ӕртӕ сасирыл кӕй бафтыдта ӕмӕ хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, уыцы ӕнхъизӕнау».


Нывондхӕссӕны сӕрмӕ арты ӕвзӕгтӕ хӕрдмӕ куы фӕцыдысты, уӕд Дунедарӕджы зӕд арты ӕвзӕгты ’хсӕн сӕ цӕстыты раз уӕларвмӕ ссыди. Сӕ дыууӕ дӕр зӕххыл ныддӕлгом сты.


Цалынмӕ раздӕхон ӕмӕ Дын мӕ хуын ӕрбадавон, уӕдмӕ мӕм ам банхъӕлмӕ кӕс». Уый йын дзуапп радта: «Хорз, ацы ран дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн».


Зӕд ын загъта: «Райс дзидза ӕмӕ гуылтӕ, сӕвӕр сӕ ацы дурыл ӕмӕ сыл бас ныккӕн». Гедеон Йӕ коммӕ бакасти.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan