17 Гедеон Ын загъта: «Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд мын исты нысан фенын кӕн, мемӕ Дӕхӕдӕг кӕй дзурыс, уый ӕвдисӕнӕн.
Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг тӕккӕ уыцы бон равдыста нысан. Загъта: «Мӕнӕ, ацы ныхас Дунедарӕг кӕй загъта, уый нысан: ныртӕккӕ ацы нывондхӕссӕн ныппырх уыдзӕн ӕмӕ, йӕ уӕлӕ цы сойдзыд фӕнык ис, уый ӕркӕлдзӕн».
Гъемӕ кӕд афтӕ у, уӕд мын бацамон Дӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй Дӕ базонон ӕмӕ Дӕуӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кӕнон. Мӕнӕ ацы адӕм дӕр Дӕу адӕм куы сты!»
Ӕз ӕмӕ Дӕ адӕм цӕмӕй базондзыстӕм, ӕхцон Дын стӕм, уый? Ӕрмӕстдӕр, немӕ кӕй рацыдтӕ, уымӕй нын равдисдзынӕ, зӕххы цъарыл нӕ иннӕ адӕмтӕй хъулон кӕй кӕныс, уый».
«Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, ӕвдисӕйнаг ракур, фӕнды дӕлдзӕхӕй, фӕнды уӕларвӕй — уӕлдай нӕу».
Цалынмӕ раздӕхон ӕмӕ Дын мӕ хуын ӕрбадавон, уӕдмӕ мӕм ам банхъӕлмӕ кӕс». Уый йын дзуапп радта: «Хорз, ацы ран дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн».