16 Дунедарӕг ын загъта: «Ӕз уыдзынӕн демӕ, ӕмӕ мидианӕгты фӕстаг лӕджы онг ныццӕгъддзынӕ».
Хуыцау ын дзуапп радта: «Ӕз демӕ уыдзынӕн. Мӕнӕ, Ӕз дӕ кӕй арвыстон, уый нысан: Мӕ адӕмы Мын Мысырӕй куы ракӕнай, уӕд ӕрбацӕудзыстут ӕмӕ Хуыцаумӕ мӕнӕ ацы хохы сӕр скувдзыстут».
Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.
Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».
Ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты ӕмӕ алы ран хъусын кодтой Фарны Уац. Бардарӕг сын ӕххуыс кодта ӕмӕ, сӕ ныхас раст кӕй у, уый ӕвдыста алы диссӕгты фӕрцы.
Хуыцау сын хъару лӕвӕрдта, бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ се ’ргом Бардарӕгмӕ раздӕхтой.
Уе знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ куы ацӕуат ӕмӕ уый бӕрц бӕхтӕ, тохуӕрдӕттӕ, уӕхицӕй бирӕ фылдӕр ӕфсад куы фенат, уӕд-иу ма фӕтӕрсут! Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Мысырӕй уӕ Чи ракодта, Уый уемӕ ис!
Цард-цӕрӕнбонты дӕ ныхмӕ ничи фӕлӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Моисейыл куыд аудыдтон, афтӕ ауддзынӕн дӕуыл дӕр. Мӕхи дыл нӕ атигъ кӕндзынӕн, нӕ дӕ ныууадздзынӕн.
Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Ма сӕ фӕтӕрс. Ӕз дын сӕ дӕ къухтӕм ратдзынӕн. Дӕ ныхмӕ фӕлӕууын сӕ никӕй бон бауыдзӕн».
Дунедарӕг-иу израилӕгтӕн ног фӕтӕджы куы радта, уӕд-иу йӕ фарсмӕ уыди Йӕхӕдӕг. Уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг тӕригъӕд кодта, се знӕгты ӕфсондзы бын куыд хъӕрзынц, уымӕ кӕсгӕйӕ.
Дунедарӕджы зӕд ӕм ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Уӕ сахъ гуырд, Дунедарӕг демӕ ис!»
Гедеон Хуыцауӕн загъта: «Израилы адӕмы ӕцӕгдӕр, зӕрдӕ мын куыд бавӕрдтай, афтӕ мӕ къухӕй фервӕзын кӕнынмӕ хъавыс?
Уӕдмӕ Боаз ӕрбацыди Вифлеемӕй ӕмӕ хуымгӕрдджытӕн салам радта: «Дунедарӕджы хорзӕх уӕ уӕд!» Уыдон ын дзуапп радтой: «Дунедарӕг дын раарфӕ кӕнӕд!»