Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 5:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Мӕ зӕрдӕ барухс ис Израилы ӕфсады хицӕуттӕй, барвӕндонӕй хӕстмӕ цӕуӕг адӕмӕй. Дунедарӕгӕн арфӕ ракӕнут!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 5:9
11 Iomraidhean Croise  

Адӕм цин кодтой, Дунедарӕгӕн афтӕ зӕрдиагӕй кӕй хастой сӕ мысайнӕгтӕ, ууыл. Цинӕй ради паддзах Давиды зӕрдӕ дӕр.


уый дӕлбар — ӕфсады хицау Амасиа, Зихрийы фырт, Дунедарӕгӕн бархийӕ лӕггадгӕнӕг, йемӕ — дыууӕсӕдӕ мин ӕхсарджын хӕстоны.


Езекиа ӕмӕ йӕ барджынтӕ куы ’рбацыдысты ӕмӕ уыцы кӕритӕ куы федтой, уӕд арфӕ ракодтой Дунедарӕгӕн ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн.


Адӕм арфӕ ракодтой, барвӕндӕй Йерусалимы ӕрцӕрыныл чи сразы ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр.


Рухсӕй Дӕхи сфӕлыстай дарӕсау ӕмӕ арв айтыгътай цатырау,


Йӕ хъуыддӕгтӕ — стыр ӕмӕ рӕсугъд, Йӕ рӕстад у ӕнусон.


Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.


Уый уӕм ныридӕгӕн фӕцӕуы, мах ӕм кӕй ӕрхатыдыстӕм, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ фыр ӕнувыдӕй йӕхи бафӕндыд.


Уымӕ гӕсгӕ ӕз бакӕнинагыл банымадтон ӕфсымӕртӕм ӕрхатын, цӕмӕй уӕм ацӕуой нӕ разӕй ӕмӕ рагацау ӕрцӕттӕ кӕной, раздӕр ныфс кӕмӕй бавӕрдтат, уӕ уыцы зӕрдиаг ӕххуыс. Ӕмӕ уӕд уыдзӕн ӕнӕбары раттынау нӕ, фӕлӕ ӕцӕг зӕрдиаг ӕххуыс.


— Израилы йӕ фӕтӕгтӕ хӕстмӕ куы кӕной, адӕм цингӕнгӕ тохмӕ куы цӕуой, — Дунедарӕгӕн арфӕ ракӕнут!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan