8 Сӕхицӕн ног хуыцӕутты равзӕрстой, ӕмӕ сӕ кулдуары раз хӕст куы бацайдагъ! Дыууиссӕдз мин израилаг хӕстонӕй йӕ арц кӕнӕ йӕ уарты сӕр кӕй бахъуыд?
Уымӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ Мӕн ныууагътой, ацы бынат фӕчъизи кодтой ӕмӕ дзы буд судзынц ӕндӕр хуыцӕуттӕн — нӕдӕр сӕхӕдӕг, нӕдӕр сӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр иудейаг паддзӕхтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыдонӕн. Ацы бынат ӕнаххос адӕмы тугӕй байдзаг кодтой!
Дунедарӕджы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, ныууагътой, афтӕмӕй сӕ Мысыры зӕххӕй Уый ракодта. Сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын райдыдтой, ӕмӕ уымӕй мӕсты кодтой Дунедарӕджы.
Фӕлӕ израилӕгтӕ сӕ фӕтӕгтӕм дӕр нал хъуыстой, ӕндӕр хуыцӕуттӕн кад кодтой. Сӕ фыдӕлтӕ цы фӕндагыл цыдысты, уымӕй иуварс тагъд фӕзылдысты. Уыдон Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодтой, адон та нӕ.
Сисерамӕ уыдис фарастсӕдӕ ӕфсӕн тохуӕрдоны. Ссӕдз азы дӕргъы израилӕгты хъизӕмарӕй фӕмардта, ӕмӕ та Дунедарӕгмӕ скуывтой.
Цъайты цурӕй хъуысынц фыййӕуты хъӕлӕстӕ, зарӕджы стауынц Дунедарӕджы уӕлахизтӕ — Израилы фӕтӕгты уӕлахизтӕ куы стауынц! Дунедарӕджы адӕм кулдуары раз ӕрлӕууыдысты!
Нал уыдис Израилы фӕтӕгтӕ, цалынмӕ фӕзындтӕ ды, Деворӕ, Израилы мад!