7 Нал уыдис Израилы фӕтӕгтӕ, цалынмӕ фӕзындтӕ ды, Деворӕ, Израилы мад!
Мах Израилимӕ хъӕрмудӕй цӕрӕм, ӕнувыд ыл стӕм, ды та израилаг сахар ныддӕрӕн кӕнынмӕ хъавыс, уыимӕ — стыр сахар. Цӕмӕн дӕ фӕнды Дунедарӕджы бӕстыхай фехалын?»
Уымӕ гӕсгӕ хъӕуты цӕрӕг иудейӕгтӕн адары мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон у цины бон, бӕрӕгбон, ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хуынтӕ фӕхӕссынц.
Паддзӕхтӕ дӕ ӕфсаддзысты хойрагӕй, ус-паддзӕхтӕ дын суыдзысты дыджызӕтӕ. Ныллӕг дын-иу акувдзысты, сдӕрдзысты дын дӕ зӕвӕтты рыг, ӕмӕ уӕд базондзынӕ: Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕмӕ Мыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзысты».
Саламтӕ — Бардарӕджы равзӕрст Руфӕн ӕмӕ, мӕнӕн дӕр мадау чи сси, йӕ уыцы мадӕн.
Йаел ӕмӕ Анаты фырт Шамгары заман фӕндӕгтӕ куы сафтид сты! Бӕлццӕтӕ, ӕмраст фӕндагыл цӕуджытӕ, ӕнӕцыд фӕндӕгтыл куы цыдысты!
Сӕхицӕн ног хуыцӕутты равзӕрстой, ӕмӕ сӕ кулдуары раз хӕст куы бацайдагъ! Дыууиссӕдз мин израилаг хӕстонӕй йӕ арц кӕнӕ йӕ уарты сӕр кӕй бахъуыд?