4 Дунедарӕг! Сеирӕй куы цыдтӕ, Ды куы цыдтӕ Едомы бӕстӕйӕ, — зӕхх ӕнкъуысти, къӕвда уарыди, ӕмӕ мигътӕй лӕдӕрсти дон.
Бафӕдзӕхста сын: «Ме ’лдар Исавӕн-иу зӕгъут, дӕ цагъар Йаков афтӕ зӕгъы: „Ӕз ныронг цардтӕн ӕцӕгӕлон зӕххыл, Лаванмӕ.
Ныррызт ӕмӕ нынкъуысти зӕхх, хӕхтӕ фенкъуыстысты сӕ бындурӕй, ризӕг сыл бахӕцыд Йӕ азарӕй.
Зӕхх йӕ бындзарӕй нынкъуысын кӕны, йӕ бынатӕй йӕ фӕиртасы, йӕ бындуртӕ йын нырризын кӕны.
Ме ’фсымӕртӕн сдӕн искӕйон, мӕ мады зӕнӕгӕн — ӕцӕгӕлон.
Фӕлӕ нӕ фыдӕлтӕ Йӕ разы сӕ тӕригъӕдтӕм ноджы бафтыдтой — Бӕрзӕндтыл Бадӕджы ныхмӕ сыстадысты ӕдзӕрӕг быдыры.
Хуыцауы бафӕлварын сфӕнд кодтой: сӕ уды фӕндиаг хӕринаг Дзы домдтой.
Ӕмӕ систӕм ахӕм адӕм, цыма Ды никуы уыдтӕ нӕ паддзах, цыма Дын мах никуы зыдтам Дӕ ном.
Хӕхтӕ атайдзысты Йӕ быны; мыдадз артӕй куыд акъӕртт вӕййы, къӕдзӕхы фахсыл дон куыд рацӕйзгъоры, афтӕ дӕлвӕзтӕ фӕркгай фӕхаудзысты.
Уый загъта: «Дунедарӕг Синайӕ рацыди, Сеиры сӕрмӕ ныррухс ис, Йӕхи раргом кодта мин-мин сыгъдӕгимӕ Параны хӕхты сӕр, Йӕ рахизфарс — Ӕгъдауы арт.
Уӕды заманы Йӕ хъӕлӕсӕй нынкъуыста зӕхх ӕмӕ та ныр дӕр дзырд радта: «Ноджы ма иу хатт нынкъусдзынӕн канд зӕхх нӕ, фӕлӕ арв дӕр».