Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 5:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Байхъусут, паддзӕхтӕ! Байхъусут, хицӕуттӕ! Ӕз Дунедарӕгӕн зардзынӕн! Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, стаудзынӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 5:3
18 Iomraidhean Croise  

Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доныхъаймӕт, ӕмӕ арвы бын царды комулӕфт кӕмӕдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн, зӕххон цӕрджытӕ бабын уыдзысты иууылдӕр.


«Абон Ӕз фидыд аразын уемӕ ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтимӕ,


Илийа сын загъта: «Дунедарӕджы пехуымпартӕй ма иунӕг ӕз баззадтӕн, Баалы пехуымпартӕ та цыппарсӕдӕ фӕндзай сты.


Уый Йын дзуапп радта: «Ӕз Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕраппонд удуӕлдай куыст кодтон, фӕлӕ Израилы адӕм, семӕ цы фидыд сарӕзтай, уый фехӕлдтой, ныппырх Дын кодтой Дӕ нывондхӕссӕнтӕ, Дӕ пехуымпарты Дын карды амӕттаг бакодтой. Иунӕг ӕз ма дзы баззадтӕн, ӕмӕ мӕ фӕдыл дӕр бафтыдысты, марынвӕнд мӕ скодтой».


Уый Йын дзуапп радта: «Ӕз Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕраппонд, удуӕлдай куыст кодтон, фӕлӕ Израилы адӕм фехӕлдтой, семӕ цы фидыд сарӕзтай, уый, ныппырх Дын кодтой Дӕ нывондхӕссӕнтӕ, Дӕ пехуымпарты та Дын карды амӕттаг бакодтой. Иунӕгӕй баззадтӕн, ӕмӕ мӕ фӕдыл дӕр бафтыдысты, марынвӕнд мӕ скодтой».


Ӕз, паддзах Артаксеркс, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ хӕзнадартӕн се ’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхсын: сауджын Езра, Уӕларвон Хуыцауы Ӕгъдауыл ахуыргӕнӕг, цыдӕриддӕр бадома, уый йын дӕттут ӕвӕстиатӕй:


Дунедарӕг аразы Йерусалим, ӕмбырд кӕны Израилы тард адӕмы.


Арфӕгонд у Дунедарӕг — Уый мын фехъуыста мӕ куывд.


Хуыцау — мӕ Ирвӕзынгӕнӕг, мӕ кад, мӕ фидар къӕдзӕх, ме ’мбӕхсӕн.


Йӕ фарсмӕ йын ӕрлӕууын кодтон Ахисамахы фырт Охолиавы, Даны хӕдзарвӕндагӕй, ӕмӕ арӕхстджын кусджытӕй алкӕмӕн дӕр радтон дӕсныдзинад, цӕмӕй саразой, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ:


уӕд уӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


«Ӕрыхъус, арв, ӕз дын цы зӕгъон, уымӕ; ӕрыхъус, зӕхх, мӕ ныхасмӕ:


Дунедарӕджы ном стаудзынӕн! Кад кӕнут нӕ Хуыцауӕн!


Нал уыдис Израилы фӕтӕгтӕ, цалынмӕ фӕзындтӕ ды, Деворӕ, Израилы мад!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan