Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 5:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Сисерайы мад рудзынгӕй кӕсы, йӕ хъӕлӕс райхъуысы, кӕуы: «Йӕ тохуӕрдӕттӕ куыд ӕрӕгмӕ здӕхынц, цӕмӕн кӕнынц фӕстиат йӕ бӕхтӕ?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 5:28
8 Iomraidhean Croise  

Ахазиа иуахӕмы, Самарийы йын цы галуан уыди, уымӕн йӕ уӕлхӕдзары гӕрӕны сӕрты рахауд ӕмӕ фӕрынчын ис. Филистимаг сахар Екронмӕ йӕ минӕвӕртты арвыста ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Бафӕрсут Екроны хуыцау Баал-Зевувы, сдзӕбӕх ма уыдзынӕн ӕви нӕ».


Иу хатт мӕ хӕдзары рудзынгӕй кастӕн; згъӕрхызы уылты кӕсын, ӕмӕ


Сычъийы хуызӕн, саджы ’нгӕс у мӕ уарзон. Мӕнӕ нӕ сисы цур ӕрлӕууыди, рудзынгмӕ кӕсы, хызӕджы уылты ’рбакӕсы мидӕмӕ.


— О, лидзгӕ кӕн, мӕ уарзон! Хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ цы хӕхтыл зайынц, уыдоны сӕрты саг кӕнӕ сычъийау азгъор!


Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, Бардарӕджы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут фӕразонӕй. Мӕнӕ зӕхкусӕг фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы зӕххы зынаргъ бӕркадмӕ, цалынмӕ фӕззыгон ӕмӕ уалдзыгон уарынтӕ ӕрцӕуой, уӕдмӕ.


Уыцы рӕстӕг Дунедарӕг Сисерайы катайы бацӕуын кодта. Йӕ хӕстонтыл дӕр ӕмӕ, тохуӕрдӕтты чи бадти, уыдоныл дӕр, Барак куы фӕзынди, уӕд карды цӕфӕй амӕлыны тӕссӕй ризӕг бахӕцыди. Сисера та тохуӕрдонӕй рагӕпп ласта ӕмӕ лидзӕг фӕцис.


Ӕрхауд йӕ къӕхты бын, хуыссы, йӕ бынаты ӕрхауди мардӕй!


Дзуапп ын куы раттынц йӕ лӕггадгӕнджытӕ, зондджын сылгоймӕгтӕ, стӕй йӕхӕдӕг дӕр афтӕ куы фӕзӕгъы:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan