Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 5:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Йӕ галиу къухмӕ райста мих, йӕ рахизмӕ та — кусӕджы дзӕбуг, Сисерайы ныццавта, ныппырх кодта Сисерайӕн йӕ сӕр, йӕ къӕмисӕн ын батыдта!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 5:26
5 Iomraidhean Croise  

Сылгоймаг дзыллӕйы раз ӕрлӕууыди ӕмӕ сын йӕ хъуыды загъта. Уыдон ын йӕ зондмӕ байхъуыстой, Бихрийы фырт Савейӕн йӕ сӕр акъуырдтой ӕмӕ йӕ Йоавмӕ ӕрӕппӕрстой. Уӕд Йоав сыкъауадындзӕй ныууасын кодта, ӕмӕ уыйадыл йӕ адӕм сахары разӕй сӕхи айстой ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты, Йоав йӕхӕдӕг та йӕ паддзахмӕ аздӕхт Йерусалиммӕ.


Хеверы ус Йаел райста дзӕбуг ӕмӕ цатыр фидаргӕнӕн мих, сабыргай Сисерамӕ бахъуызыд, мих ын йӕ къӕмисӕны ныссагъта ӕмӕ йӕ зӕхмӕ ныххоста. Сисера фыр фӕлладӕй фынӕй уыд ӕмӕ уыцы ран амарди.


Уазӕг ракуырдта дон, уый йын радта ӕхсыр, бӕгъатыры аккаг кӕхцы йын ӕхсыры сӕртӕ бахаста.


Ӕрхауд йӕ къӕхты бын, хуыссы, йӕ бынаты ӕрхауди мардӕй!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan