25 Уазӕг ракуырдта дон, уый йын радта ӕхсыр, бӕгъатыры аккаг кӕхцы йын ӕхсыры сӕртӕ бахаста.
Уӕд Авраам райста къӕдор, ӕхсыр ӕмӕ роды фыд ӕмӕ сӕ йӕ уазджыты раз ӕрӕвӕрдта. Цалынмӕ хордтой, уӕдмӕ сын Аврам бӕласы бын уырдыг лӕууыди.
Арфӕгонд уӕд Йаел, кенаг Хеверы бинойнаг, цатырты цӕрӕг сылгоймӕгты ’хсӕн арфӕгонд у.
Йӕ галиу къухмӕ райста мих, йӕ рахизмӕ та — кусӕджы дзӕбуг, Сисерайы ныццавта, ныппырх кодта Сисерайӕн йӕ сӕр, йӕ къӕмисӕн ын батыдта!