Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 5:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Уӕларвӕй тохы бацыдысты стъалытӕ, сӕ бынӕттӕй Сисераимӕ стох кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 5:20
8 Iomraidhean Croise  

Хӕст анхъӕвзта ӕппӕт бӕстыл дӕр, ӕмӕ уыцы бон, цирхъӕй цас адӕм ныццагъды ис, уымӕй фылдӕр адӕм та хъӕды бабын ис.


Дунедарӕг аморӕгты удаист фӕкодта израилӕгты уындӕй, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ ныццагътой Гивоны цур. Стӕй сӕ Бет-Хороны ӕрхизӕныл суанг Азека ӕмӕ Македайы онг дӕрӕнгӕнгӕ сӕ разӕй ахастой.


Бет-Хороны фахсыл уым дӕлӕмӕ куы фӕцӕйлыгъдысты израилӕгты разӕй, уӕд сыл Дунедарӕг уӕларвӕй стыр ихдуртӕ ӕппарын байдыдта суанг Азекайы онг, ӕмӕ мардысты. Ихдурты амӕттӕгтӕ фӕфылдӕр сты, израилӕгтӕ кардӕй кӕй фӕцагътой, уыдонӕй.


Дунедарӕг аморӕгты Израилы къухтӕм цы бон радта, уыцы бон Йешуа скуывта Дунедарӕгмӕ, загъта израилӕгты раз: «Ӕрлӕуу, хур, Гивоны сӕрмӕ, ӕрлӕуу, мӕй, Айалоны дӕлвӕзы сӕрмӕ!»


Уыцы рӕстӕг Дунедарӕг Сисерайы катайы бацӕуын кодта. Йӕ хӕстонтыл дӕр ӕмӕ, тохуӕрдӕтты чи бадти, уыдоныл дӕр, Барак куы фӕзынди, уӕд карды цӕфӕй амӕлыны тӕссӕй ризӕг бахӕцыди. Сисера та тохуӕрдонӕй рагӕпп ласта ӕмӕ лидзӕг фӕцис.


Уӕ, Кишоны дон знӕгты куы фӕласы, уӕ рагон дон, цӕугӕдон Кишон! О мӕ уд, знӕгты хъару басӕтт!


Самуел иууылсудзинаг нывонд куы хаста, уӕд филистимӕгтӕ ӕрбацӕйбырстой Израилмӕ. Уыцы бон Дунедарӕг филистимӕгты тыхджын ӕрвнӕрдӕй удаист фӕкодта, ӕмӕ дӕрӕнгонд ӕрцыдысты израилӕгты къухӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan