19 Хӕстмӕ рацыдысты паддзӕхтӕ! Ханааны паддзӕхтӕ хӕстмӕ рацыдысты Таанахы цурмӕ, Мегиддомӕ хӕстӕг доны былмӕ, фӕлӕ ӕвзист нӕ бафтыди сӕ къухы!
Фӕлӕ Аврамы дзуапп уыд: «Ард дын хӕрын Дунедарӕджы, Иууылбӕрзонд Хуыцауы, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕджы раз:
Каин рацыди Дунедарӕджы цурӕй ӕмӕ Едемы скӕсӕнварс Ноды зӕххыл цӕугӕцард кодта.
Ахилуды фырт Баанайы бӕрны уыдысты Таанах ӕмӕ Мегиддойы сахартӕ, Изреелы бынмӕ Царетанмӕ ӕввахс Бет-Шеаны сахары ӕппӕт зӕххытӕ, уыимӕ Бет-Шеаны сахарӕй Авел-Мехолӕйы онг, стӕй суанг Йокмеамы фалейы онг зӕххытӕ.
Иосиа-паддзахы заман Мысыры паддзах, фараон Нехо, ӕд ӕфсад араст ис Евфраты доны ’рдӕм, Ассирийы паддзахы ныхмӕ. Мегиддойы цур ӕй Иосиа бауроминаг уыд, фӕлӕ йӕ Нехо куы федта, уӕд ӕй амардта.
Иосиа фӕстӕмӕ нӕ аздӕхт, фӕлӕ йӕхи тохмӕ ’рцӕттӕ кодта. Нехо йын Хуыцауы номӕй цы загъта, уымӕ нӕ байхъуыста, ӕмӕ Мегиддойы дӕлвӕзы йемӕ схӕцыди.
Паддзах бабӕлдзӕни дӕ рӕсугъддзинадмӕ; Уый у дӕ Бардарӕг, ӕмӕ Йын бакув.
Таанахы паддзах, Мегиддойы паддзах,
Иссахары ӕмӕ Асиры зӕххыл Менассиамӕ ӕрхаудысты Бет-Шеан, Ивлеам, Дор, Ен-Дор, Таанах ӕмӕ Мегиддо сӕ сахаргӕрӕттимӕ.
Ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон цы бынат хуыйны, уырдӕм.
Ӕз федтон сырды ӕмӕ зӕххон паддзӕхты се ’фсӕдтимӕ. Уыдон ӕрӕмбырд сты Барӕджы ӕмӕ Йе ’фсады ныхмӕ хӕцынмӕ.
Менассиайы байзӕддӕгтӕ Бет-Шеан, Таанах, Дор, Ивлеам ӕмӕ Мегиддо, стӕй сӕ алыварс цы хъӕутӕ уыди, уыдон нӕ бацахстой. Ханаанӕгтӕ уыцы хъӕуты цӕргӕйӕ баззадысты.
Сисера йӕ фарастсӕдӕ ӕфсӕн уӕрдоны, стӕй йын Харошет-Гоимы цыдӕриддӕр хӕстонтӕ уыди, уыдоны иууылдӕр Кишоны дӕлвӕзмӕ ӕрбакодта.
«Ӕфтиаг райстой, ӕмӕ йӕ се ’хсӕн уарынц. Алы хӕстонӕн дӕр — чызг, науӕд — дыууӕ. Сисерайы ’фтиаг — хъулон хӕрдгӕхуыд хъуымӕцтӕ, дыууӕ нывӕфтыд фӕлысты».