16 Фосдӕтты астӕу кӕдмӕ баддзыстут, фыййауы уадындзмӕ кӕдмӕ хъусдзыстут? Уӕ, хъаугъа куы кӕнынц Рувимы фӕдонтӕ!
Иссахар — фидарстӕг хӕрӕг, хуыссы йӕ хордзенты астӕу.
Уый зонут, ӕмӕ Дунедарӕг фӕхъулон кӕны, ӕнувыд Ыл чи у, уыдоны. Ӕз Дунедарӕгмӕ куы скувын, уӕд мӕ Уый фехъусы!
Сахары кулдуармӕ адӕм мӕ фыдгой кӕнынц, рассыггӕнджытӕ мыл айуаны зарджытӕ сисынц.
Нӕ фӕстагӕттӕ, ӕрцӕуинаг фӕлтӕртӕ сӕ куыд зоной ӕмӕ сӕ уыдон дӕр сӕ сабитӕн куыд амоной сӕ рады.
Аразут сахартӕ уе ’нахъом сабитӕн ӕмӕ уӕтӕртӕ уӕ лыстӕг фосӕн, уӕ дзырдӕн хицау ут».
Ӕмӕ загъта Моисей Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕн: «Уе ’фсымӕртӕ хӕстмӕ ацӕудзысты, сымах та ам баддзыстут?
Иннӕтӕ иууылдӕр мӕт кӕнынц, Йесо Чырыстийӕн фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ сӕхи пайдайыл.
Уыдонӕн сӕ кӕрон — бынсӕфт, сӕ хуыцау — сӕ гуыбын, худинаг сӕм цы хъуамӕ кӕсид, уымӕй сты сӕрыстыр. Сӕ мӕт у зӕххон цардыл.
Иссахары фӕтӕгтӕ дӕр — Деворӕимӕ! Иссахар Баракы фӕдыл дӕлвӕзмӕ куы ныййарц! Рувимы фӕдонтӕ та хъаугъа куы кӕнынц!