15 Иссахары фӕтӕгтӕ дӕр — Деворӕимӕ! Иссахар Баракы фӕдыл дӕлвӕзмӕ куы ныййарц! Рувимы фӕдонтӕ та хъаугъа куы кӕнынц!
Леайы лӕппутӕ: Рувим, Йаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Левий, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Зевулон.
Иссахары хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыди дыууӕсӕдӕ хистӕры. Уыдон зыдтой, Израилы адӕмы кӕд цы кӕнын хъуыди, уыдӕттӕ. Семӕ-иу сразы сты се ’ппӕт ӕрвадӕлтӕ дӕр.
Зивӕггӕнаг хъӕр кӕны: «Уынджы — домбай! Куыддӕр хӕдзарӕй рацӕуон, афтӕ ме сӕфт ӕрцыд!»
Павел ӕмӕ Варнавӕйы ӕхсӕн быцӕу рауад, ӕмӕ фӕхицӕн сты. Варнавӕ Маркы акодта йемӕ ӕмӕ науыл Кипрмӕ ацыд.
Мах ацыдыстӕм разӕй, сбадтыстӕм науы ӕмӕ ацыдыстӕм Ассмӕ, цӕмӕй Павелы уырдыгӕй немӕ ракӕнӕм. Уымӕн ӕмӕ нын йӕхӕдӕг афтӕ бафӕдзӕхста, йӕ зӕрды фистӕгӕй ацӕуын кӕй уыди, уый тыххӕй.
Ӕз уыл ӕнувыд дӕн; Хуыцауы куыд нӕ фӕнды, афтӕ мӕн дӕр нӕ фӕнды, ӕмӕ ма уыл ӕндӕр искӕй бар дӕр цӕуа. Ӕз сымах иунӕг Лӕгӕн — Чырыстийӕн — ӕрцӕттӕ кодтон ӕмкъайӕн, цӕмӕй уӕ ӕнӕкъӕм чызгӕй ӕрлӕууын кӕнон Йӕ разы.
Барак Неффалим ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕм Кедешы сахармӕ фӕсидти. Йӕ фӕдыл рацыди дӕс мин хӕстоны, Деворӕ дӕр уыдис йемӕ.
Деворӕ Баракӕн загъта: «Цӕугӕ! Абон дын Дунедарӕг Сисерайы дӕ къухмӕ ратдзӕни. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг цӕудзӕн дӕ разӕй!» Барак дӕс мин хӕстонимӕ Фаворы хохы сӕрӕй ӕрцыди.
Иу хатт Деворӕ фӕсидтис Авиноамы фырт Баракмӕ. Уый царди Кедешы сахары, Неффалимы зӕххыл. Куы ’рбацыди, уӕд ын Деворӕ загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы дӕуӕн: „Фаворы хохмӕ демӕ Неффалим ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕй дӕс мин хӕстоны акӕн ӕмӕ уым ӕрлӕуу.
Фосдӕтты астӕу кӕдмӕ баддзыстут, фыййауы уадындзмӕ кӕдмӕ хъусдзыстут? Уӕ, хъаугъа куы кӕнынц Рувимы фӕдонтӕ!