13 Чи аирвӕзт, уыцы сахъгуырдтӕ гуыппырсартӕм фӕзындысты ӕххуысмӕ, ӕрлӕууыдысты Дунедарӕджы фарсмӕ — ӕфсады ныхмӕ схӕцынмӕ!
Бузныджы нывонд ӕрхӕсс Хуыцауӕн, Бӕрзӕндтыл Бадӕгӕн цы сомы ракодтай, уый сӕххӕст кӕн.
О Йаковы Хуыцау, Ды сӕм бартхъирӕн кодтай, ӕмӕ бандзыг сты бӕхтӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ.
Уӕд ӕппӕт бӕлӕстӕ дӕр базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Ӕз ӕрныллӕг кӕнын бӕрзонд бӕлас ӕмӕ сбӕрзонд кӕнын ныллӕг бӕлас, сыфтӕрджын бӕлас бахуыскъ кӕнын ӕмӕ хуыскъ бӕласыл цъӕх сыфтӕр рауадзын. Ӕз — Дунедарӕг — бакӕндзынӕн, цы загътон, уый».
Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттыл уӕлахиз кӕнӕм нӕ Бауарзӕджы хъаруйӕ.
Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый.
Сыст, ныззар, о Деворӕ! Сыст, Авиноамы фырт Барак, дӕ уацайрӕгты акӕн!
Ацы зӕхх кӕддӕр уыд амалекӕгты, ныр ӕм хӕстонтӕ фӕзындысты Ефремӕй, — уӕ фӕдыл рацыдысты, Бениамины фӕдонтӕ! Фӕзындысты Махиры хицӕуттӕ, фӕзындысты Зевулоны фӕтӕгтӕ.
Дунедарӕджы зӕд бардзырд куы ратты: «Мерозы сахар ралгъитут, ралгъитут ын йӕ цӕрджыты, — йӕ хӕстонтӕ Дунедарӕджы фарс не ’рлӕууыдысты, сӕ сахъгуырдтимӕ Дунедарӕгмӕ нӕ фӕзындысты!»