Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 5:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Сыст, ныззар, о Деворӕ! Сыст, Авиноамы фырт Барак, дӕ уацайрӕгты акӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 5:12
18 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ ӕнаккӕгтӕ ӕмӕ мӕнгӕрдтӕ сӕ дзыхтӕ схӕлиу кодтой мӕ ныхмӕ, сӕ мӕнгард ӕвзӕгтӕ суагътой.


Фесӕфӕнт зӕххы ахъарӕг донау! Се ’рдынбостӕ куы айвазой, уӕд сӕ фӕттӕ асӕттӕнт!


Фесӕфӕнт йӕ хъузгӕй ралӕсӕг сӕтӕлӕгау! Боны рухс ма фенӕнт ӕфтыддагау!


Дӕ цагъарӕй Де ’ргом ма аздах, батагъд кӕн ӕмӕ мын дзуапп ратт — уымӕн ӕмӕ тынг тыхст дӕн!


Адӕмтӕ сӕ ӕркӕндзысты сӕ фыдыуӕзӕгмӕ ӕмӕ сын уым, Дунедарӕджы зӕххыл, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, цагъартӕ суыдзысты. Израилӕгтӕ уацары райсдзысты, кӕддӕр сын сӕхи уацары чи акодта, уыцы адӕмты ӕмӕ ӕлдариуӕг кӕндзысты сӕ кӕддӕры ӕфхӕрджытӕн.


Додой дӕ къона, гӕныстонгӕнӕг, ныронг гӕныстойнаг чи нӕма фӕци! Додой дӕ къона, фӕлитой стигъӕг, ныронг стигъджыты амӕттаг чи нӕма баци! Дӕрӕн кӕнын ӕмӕ стигъын куынӕуал фӕразай, уӕд дын дӕхи дӕр ныддӕрӕн кӕндзысты, дӕхи дӕр дын бастигъдзысты.


Раст-ма, раст, Йерусалимы чызг, слӕуу дӕ къӕхтыл! Дунедарӕг дын радта Йӕ фыдӕхы нуазӕн. Ануӕзтай йӕ ӕмӕ, цудтытӕгӕнгӕ, фӕцӕйцыдтӕ дӕ адзалы фӕндагыл.


Раст-ма, раст, Дунедарӕг! Равдис Дӕ хъомыс! Раст-ма, рагзаманты-иу куыд растадтӕ, афтӕ! Ды акъӕртт кодтай Рагавы. Скъуыхтӕ кодтай залымы.


Дунедарӕг зӕгъы: «Сыст, сӕрттив, Йерусалим, — ссыгъди дӕ рухс, дӕ сӕрмӕ тӕмӕнтӕ калы Дунедарӕджы кад!


Уыцы рӕстӕг ӕз райхъал дӕн ӕмӕ акастӕн мӕ алыварс. Мӕ фын мын ӕхсызгон уыди.


Куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕхи ӕрӕмбарут ӕмӕ тӕригъӕды мауал ӕфтут. Уӕ худинаджы тыххӕй уын ӕй зӕгъдзынӕн: сымахмӕ ис, Хуыцауы чи нӕ зоны, ахӕмтӕ.


Уымӕ гӕсгӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Ссыд уӕлӕмӕ, райста уацайрӕгты ӕмӕ адӕймӕгтӕн радта лӕвӕрттӕ».


Уымӕ гӕсгӕ загъдӕуыд: «Райхъал у дӕ фынӕйӕ, рабад мӕрдтӕй, ӕмӕ дӕ Чырысти ныррухс кӕндзӕн».


ӕрӕмбарой сӕхи ӕмӕ раирвӕзой, йӕ бархъомыс сыл чи сӕвӕрдта, уыцы хӕйрӕджы къӕппӕгӕй.


Чи аирвӕзт, уыцы сахъгуырдтӕ гуыппырсартӕм фӕзындысты ӕххуысмӕ, ӕрлӕууыдысты Дунедарӕджы фарсмӕ — ӕфсады ныхмӕ схӕцынмӕ!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan