Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 5:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Цъайты цурӕй хъуысынц фыййӕуты хъӕлӕстӕ, зарӕджы стауынц Дунедарӕджы уӕлахизтӕ — Израилы фӕтӕгты уӕлахизтӕ куы стауынц! Дунедарӕджы адӕм кулдуары раз ӕрлӕууыдысты!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 5:11
19 Iomraidhean Croise  

Уырдӕм куы бахӕццӕ ис, уӕд сахармӕ хӕстӕг, цъайы цур, баурӕдта йӕ теуатӕ. Уыд изӕрмӕ ӕввахс — дондзау чызджытӕ донмӕ куы рацӕуынц, тӕккӕ уыцы афон.


Иу ран, быдыры, федта цъай, цъайӕн йӕ цуры ривӕд кодтой фысты ӕртӕ дзуджы. Дон-иу сын дардтой ам. Цъайы сӕрыл — стыр къӕй фӕлдӕхт,


ӕмӕ-иу фыстӕ уырдӕм куы ’рбамбырд сты, уӕд-иу фыййӕуттӕ уыцы къӕй иуварс ассыдтой ӕмӕ-иу сын дон бадардтой, стӕй та-иу къӕй фӕстӕмӕ йӕ бынаты сӕвӕрдтой.


Ӕз-иу сахары кулдуары размӕ рацыдтӕн, фӕзы-иу мӕ бадӕны ӕрбадтӕн,


Уый рахӕцы ӕфхӕрды сӕрыл, ӕххормагӕн дзул ратты, суӕгъд кӕны ахӕсты.


Бирӕ цӕрӕд! Савайӕ йын ласдзысты сыгъзӕрин, ӕдзух ын кувдзысты, ӕрвылбон ын арфӕ кӕндзысты.


Ирвӕзындзинады суадӕттӕй цингӕнгӕ исдзыстут дон.


Тӕрхоны лӕгтӕн Уый суыдзӕни раст тӕрхоны Уд, адӕмы раздзӕуджытӕн — ныфс, цӕмӕй сӕ фыдгулты сӕ сахарты кулдуӕрттӕй сӕ уӕлныхты айсой.


«Дунедарӕджы хӕдзары кулдуары раз ӕрлӕуу ӕмӕ фехъусын кӕн: „Ӕгас Иудей, уе ’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ныхасмӕ байхъусут! Ацы кулдуарыл Дунедарӕгӕн бакувынмӕ чидӕриддӕр ӕрбацӕуы, уыдон иууылдӕр хъусӕнт!“»


Куы ’лхӕнӕм доны хъуыртт ӕхцайӕ, нӕхи сугӕн куы фидӕм!


Нӕ цардыл н’ ауӕрдгӕйӕ, агурӕм къӕбӕр: ӕдзӕрӕг быдыры нӕ фӕдыл зилы кард!


Мӕ адӕм! Ӕрхъуыды-ма кӕнут, Моавы паддзах Балак цы сфӕнд кодта ӕмӕ йын Беоры фырт Балаам цавӕр дзуапп радта, уый, стӕй уыл Ситтимӕй Гилгалы онг цытӕ ӕрцыдис, уыдӕттӕ, — уӕд бамбардзыстут, Дунедарӕг уын цас хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уый».


уӕд сӕ дыууӕйы дӕр сахары кулдуары раз дурты бын фӕкӕнут: чызджы, сахары уӕвгӕйӕ, фӕдис, зӕгъгӕ, кӕй нӕ ныхъхъӕр кодта, уый тыххӕй, нӕлгоймаджы та, кӕйдӕр усаджы кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!


Равзӕрста йӕхицӕн хуыздӕр хай — бӕстыхицауы хай; адӕмы фӕтӕгтӕ куы ӕрбамбырд сты, уӕд сӕххӕст кодта Дунедарӕджы раст фӕндон, Израилы тыххӕй Йӕ тӕрхон“.


алы аз дӕр чызджытӕ цыппар бонмӕ ацӕуынц хӕхтӕм ӕмӕ фӕкӕуынц галаадаг Йеффайы чызджы хъысмӕтыл.


Сӕхицӕн ног хуыцӕутты равзӕрстой, ӕмӕ сӕ кулдуары раз хӕст куы бацайдагъ! Дыууиссӕдз мин израилаг хӕстонӕй йӕ арц кӕнӕ йӕ уарты сӕр кӕй бахъуыд?


Ӕрбайхъусут-ма, ӕз уын ныр Дунедарӕджы раз мӕ уайдзӕф зӕгъон — Дунедарӕг сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр цыдӕриддӕр хӕрзты бацыди, уыдон уын уӕ зӕрдыл ӕрӕфтын кӕнон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan