10 Зынаргъ гауызтыл урс хӕрджытыл бадджытӕ, бӕлццӕттӕ, уӕлахизы зарӕг ракӕнут!
Кӕй бон бауыдзӕни Дунедарӕджы хъомыс дзыхы ныхасӕй равдисын? Чи ракӕндзӕни Йе ’ппӕт кады кой?
Тӕхудиаг у, Йаковы Хуыцау кӕмӕн ӕххуыс кӕны, Дунедарӕгыл, йӕ Хуыцауыл, йӕ зӕрдӕ чи дары.
Тӕрхоны лӕгтӕн Уый суыдзӕни раст тӕрхоны Уд, адӕмы раздзӕуджытӕн — ныфс, цӕмӕй сӕ фыдгулты сӕ сахарты кулдуӕрттӕй сӕ уӕлныхты айсой.
Уадз, адӕмтӕ сыстой ӕмӕ Иосафаты дӕлвӕзмӕ ӕрбацӕуой. Ӕз уыцы ран ӕрбаддзынӕн ӕмӕ тӕрхон кӕндзынӕн сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕн.
Уыдис ын дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты, алкӕмӕ дӕр дзы уыди хӕрӕг, уыди сӕм дӕс ӕмӕ ссӕдз хъӕуы. Абоны онг уыцы хъӕутӕ сты Галаады ӕмӕ сӕ хонынц Иаиры хъӕутӕ.
Уыдис ын дыууиссӕдз фырты ӕмӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты фырты. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕйнӕ хӕрӕджы. Аст азы дӕргъы Авдон уыди Израилы фӕтӕг.