Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 5:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уыцы бон Деворӕ Авиноамы фырт Баракимӕ зарыдысты ахӕм уӕлахизы зарӕг:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 5:1
20 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг ӕй йе ’ппӕт фыдгултӕ ӕмӕ Саулӕй куы фервӕзын кодта, уӕд Давид Дунедарӕджы кадӕн скодта ацы зарӕг.


Иосафат адӕмимӕ бауынаффӕ кодта ӕмӕ зарӕггӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕфсады разӕй цӕуой ӕмӕ Дунедарӕджы кадӕн зарой, стауой Йын Йӕ уаз стырад: «Кад кӕнут Дунедарӕгӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ хорзӕх мыггагмӕ нӕ сӕфы!»


Уый фӕстӕ Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, Иосафат сӕ сӕргъы, афтӕмӕй, цингӕнгӕйӕ, ӕрбаздӕхтысты Йерусалиммӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕрцы се знӕгтыл фӕуӕлахиз сты.


Ма Йын рох кӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ стауын, адӕм кады зарджытӕ кӕуыл скодтой, уыдон.


сӕумӕйӕ стъалытӕ куы радысты, Хуыцауы фырттӕ цины хъӕр куы кодтой, уӕд?


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


Уый денджызы дӕттӕ ’рбамбырд кодта лалымау, ӕнӕбын хуыдымты бафснайдта дон.


Уӕд Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы кадӕн арфӕйы зарӕг систой: «Цӕй ӕмӕ ныззарон Дунедарӕгыл, стыр ӕмӕ кадджын Хуыцауыл! Уый фӕдӕлдон кодта бӕхтӕ ӕмӕ барджыты.


Мариам базарыд: «Ныззарут Дунедарӕгӕн, — стыр у Уый! Бӕхтӕ ӕмӕ барджыты Уый денджызы нывзылдта!»


Дунедарӕг, Ды — мӕ Хуыцау! Стауын Дӕ — кад Дын кӕнын Дӕ номӕн! Ды сарӕзтай ӕмбисонды хъуыддӕгтӕ — цы фӕнд дӕм ӕрцыди рагзаманы, уый ныр сӕххӕст кодтай, иузӕрдион Хуыцау!


Уыцы бон Иудейы зӕххыл ахӕм зарӕг сисдзысты: «Нӕ сахар хъомысджын у, фидар! Хуыцау нӕ фервӕзын кодта, сахары алыварс сис ӕмӕ сыджытбыру самайӕгау.


Уӕд ныззарыд Израил ацы зарӕг: «Йедзаг кӕн, цъай, зарут ын:


Уӕд Мариа загъта: «Стауы мӕ зӕрдӕ Дунедарӕджы!


Израилӕгтӕ хӕцыдысты дарддӕр, цалынмӕ ханаанаг паддзах Йавин ӕмӕ йӕ адӕмы бынтондӕр ныццагътой, уӕдмӕ.


Уыцы заман израилӕгты фӕтӕг уыди Деворӕ, сылгоймаг-пехуымпар, Лаппидоты бинойнаг.


Аннӕ кувын райдыдта ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг мын барухс кодта мӕ зӕрдӕ, мӕ сыкъа мын бӕрзонд систа. Мӕ фыдгултыл мӕхи худӕгӕй хӕссын, цин кӕнын, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan