8 Барак Деворӕйӕн дзуапп радта: «Кӕд мемӕ ацӕудзынӕ, уӕд разы дӕн. Ды куынӕ ацӕуай, уӕд ӕз дӕр нӕ цӕуын».
Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Сисера, Йавины ӕфсады хицау, ӕд ӕфсӕдтӕ ӕмӕ ӕд тохуӕрдӕттӕ Кишоны дӕлвӕзмӕ дӕ размӕ рацӕудзӕн, ӕмӕ дын ӕй Ӕз дӕ къухмӕ ратдзынӕн“».
Уый йын загъта: «Ӕз демӕ ацӕудзынӕн, фӕлӕ ацы балц дӕу не скадджын кӕндзӕн. Дунедарӕг Сисерайы сылгоймаджы къухмӕ ратдзӕн». Ӕмӕ Деворӕ Баракимӕ Кедешмӕ ацыди.