Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 4:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Иу хатт Деворӕ фӕсидтис Авиноамы фырт Баракмӕ. Уый царди Кедешы сахары, Неффалимы зӕххыл. Куы ’рбацыди, уӕд ын Деворӕ загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы дӕуӕн: „Фаворы хохмӕ демӕ Неффалим ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕй дӕс мин хӕстоны акӕн ӕмӕ уым ӕрлӕуу.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 4:6
21 Iomraidhean Croise  

уӕд фыдгул мӕ фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд, раййафӕд мӕ, сыджыты бын мӕ фӕкӕнӕд, мӕ кад мын рыджы сӕвдулӕд!


Сахуыр нӕ кӕн нӕ царды бонтӕ афтӕ нымайын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ суа куырыхон.


О Дунедарӕг, раздӕх нӕм! Кӕдмӕ нӕм мӕсты кӕндзынӕ? Батӕригъӕд кӕн Дӕ цагъартӕн!


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — хӕхты астӕу — Фавор, денджызы раз — Кармел хох. Уыдонау хъомысджын чи у, уый уӕм ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн.


Байхъусут, сауджынтӕ! Байхъусут, израилӕгтӕ! Уӕ хъус ӕрдарут, паддзахы галуаны чи цӕры, уыдон! Ӕнхъӕлмӕ уӕм кӕсы тӕрхон, уымӕн ӕмӕ Мицпайы уыдыстут къӕппӕгау, Фаворы та — кӕсагахсӕн хызау.


Уымӕн ӕмӕ нын Дунедарӕг афтӕ бафӕдзӕхста: „Ӕз Дӕ радтон муртаттӕгтӕн рухсӕн, цӕмӕй суанг зӕххы кӕрӕттӕм адӕм фервӕзой Дӕ фӕрцы“».


Цы ма уын зӕгъон? Рӕстӕг мын нӕй Гедеоны, Баракы, Самсоны, Йеффайы, Давиды, Самуелы ӕмӕ иннӕ пехуымпарты тыххӕй радзурынӕн.


Фӕдзӕхсын дын: фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс — цыдӕриддӕр аразай, уым демӕ уыдзӕни Дунедарӕг, дӕ Хуыцау».


Арӕн цӕгаты хӕццӕ кодта Фаворы хохмӕ, Шахацим ӕмӕ Бет-Шемешмӕ, скӕсӕны та банцад Иорданыл. Ӕдӕппӕт ӕхсӕрдӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ.


Неффалимы байзӕддӕгтӕн, се ’ппӕт мыггӕтӕн, сӕ хал уыдис ӕхсӕзӕм.


Неффалимы зӕххы хаймӕ хаудтой фидар сахартӕ Циддим, Цер, Хаммат, Раккат, Киннерет,


Кедеш, Едреи, Ен-Хацор,


Неффалимы хӕдзарвӕндагӕй — ӕмбӕхсӕн сахар Кедеш йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ Галилейы, Хаммот-Дор йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Картан йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: ӕртӕ сахары.


Барак Неффалим ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕм Кедешы сахармӕ фӕсидти. Йӕ фӕдыл рацыди дӕс мин хӕстоны, Деворӕ дӕр уыдис йемӕ.


Уыцы бон Деворӕ Авиноамы фырт Баракимӕ зарыдысты ахӕм уӕлахизы зарӕг:


Менассиайы мыггагмӕ дӕр фӕдисӕттӕ арвыста, ӕмӕ уыдон дӕр хӕстмӕ рацыдысты. Ноджы ма фӕдисӕттӕ арвыста Асир, Зевулон ӕмӕ Неффалимы байзӕддӕгтӕм, ӕмӕ йӕ размӕ рацыдысты.


Гедеон Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйы бафарста: «Хъуыды-ма кӕнут, Фаворы хохыл кӕй амардтой, уыцы адӕмы?» Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ йын дзуапп радтой: «Де ’нгӕс уыдысты, ӕддаг бакастӕй — паддзахы фырттӕ».


Уырдыгӕй ацӕудзынӕ дарддӕр ӕмӕ бахӕццӕ уыдзынӕ Фаворы Тулдзмӕ. Уым дыл амбӕлдзысты Вефилы кувӕн къуыбырмӕ, Хуыцаумӕ цӕуӕг ӕртӕ лӕджы. Иумӕ дзы уыдзӕнис ӕртӕ сӕныччы, иннӕмӕ — ӕртӕ дзулы гуыдыны, ӕртыккагмӕ — сӕны лалым.


Уӕд Дунедарӕг рарвыста Иеруббаалы, Беданы, Йеффайы ӕмӕ мӕн, Самуелы, фервӕзын уӕ кодта уӕ алыварс знӕгтӕй, ӕмӕ цардыстут ӕдасӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan