5 Уый бадти Деворӕйы пальмӕйы бын, Рама ӕмӕ Вефилы ’хсӕн, Ефремы хӕхты. Израилӕгтӕ йӕм уырдӕм цыдысты, ӕмӕ сын уый сӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрста.
Амарди Ревеккӕйы дыджызӕ Деворӕ, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой Вефилмӕ хӕстӕг, тулдзы бын. Уыцы бӕлас схуыдтой Аллон-Бахут.
Дыккаг бон Моисей ӕрбадти израилӕгты хъуыддӕгтӕ ӕвзарынмӕ, ӕмӕ райсомӕй суанг изӕрмӕ адӕм йӕ разы уыдысты.
Исты хъуыддаг равзаринаг сӕм куы вӕййы, уӕд мӕм ӕрбацӕуынц, ӕмӕ сын ӕз равзарын сӕ быцӕутӕ, бацамонын сын Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ’гъдӕуттӕ».
Ӕрбайхъус-ма мӕ уынаффӕмӕ, ӕмӕ дын Хуыцау баххуыс кӕнӕд! Ды хъуамӕ лӕууай адӕмӕй Хуыцауы ’хсӕн ӕмӕ Хуыцауы тӕрхонмӕ хӕссай адӕмы хъуыддӕгтӕ.
Уыдон адӕмӕн систы тӕрхоны лӕгтӕ; уӕззау хъуыддӕгтӕ лӕвӕрдтой Моисеймӕ, рогдӕртӕ та ӕвзӕрстой сӕхӕдӕг.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Рамайӕ хъуысы кӕуын, ӕрдиаг ӕмӕ зӕрдӕхалӕн хъарӕг — уый Рахел йӕ хъӕбултыл дзыназы, ӕрсабыры амал ын нӕй, уымӕн ӕмӕ нал сты».
Вефилӕй йӕхи айтыгъта Лузы онг, стӕй бахӕццӕ Атаротмӕ, аркӕгтӕ кӕм цӕрынц, уырдӕм
Бет-Аравӕ, Цемараим, Вефил,
Гивон, Рама, Беерот,
Уыцы заман израилӕгты фӕтӕг уыди Деворӕ, сылгоймаг-пехуымпар, Лаппидоты бинойнаг.
Ефремы хӕхбӕсты, Раматаим-Цофимы сахары, царди иу лӕг, ефремон, йӕ ном — Елкана. Йӕ фыд Йерохам уыди Елигуйы фырт, Елигуйы фыд Тоху — Цуфы фырт.
Райсомӕй раджы сыстадысты, скуывтой Дунедарӕгмӕ ӕмӕ сӕхимӕ, Рамайы сахармӕ, аздӕхтысты. Елкана йӕ ус Аннӕимӕ ӕмуат ӕрцыди. Дунедарӕджы зӕрдыл лӕууыд Аннӕ,
Саул базыдта Давид ӕмӕ йӕ адӕмы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ кой кодтой алы ран дӕр. Уӕд Саул уыди Гевӕйы, къуыбырыл бадти тамариск бӕласы бын. Йӕ арц уыди йӕ къухы, йӕ дӕлдӕртӕ ӕмбырдӕй лӕууыдысты йӕ алыварс.
Самуел амарди. Ӕрӕмбырд сты Израилы адӕм, фӕхъыг ыл кодтой ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ райгуырӕн сахары, Рамайы. Давид араст ис Параны ӕдзӕрӕг быдырмӕ.
Уый фӕстӕ-иу ӕрыздӕхти Рамамӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ хӕдзар уым уыд. Уым дӕр тӕрхон кодта Израилӕн. Дунедарӕгӕн дзы сарӕзта нывондхӕссӕн.