Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 4:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Сисерамӕ уыдис фарастсӕдӕ ӕфсӕн тохуӕрдоны. Ссӕдз азы дӕргъы израилӕгты хъизӕмарӕй фӕмардта, ӕмӕ та Дунедарӕгмӕ скуывтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 4:3
19 Iomraidhean Croise  

Рӕстгӕнджытӕ цинӕй райынц, уыдӕттӕ уынгӕйӕ, ӕнаккӕгтӕн та сӕ бон зӕгъын дӕр ницыуал вӕййы.


Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.


Рацыди дзӕвгар рӕстӕг. Мысыры паддзах амарди. Израилӕгтӕ сӕ уӕззау куыстӕй ӕнцой нӕ зыдтой, ӕрдиаг кодтой, ӕххуысмӕ дзынӕзтой, ӕмӕ сӕ хъӕрзын Хуыцаумӕ фехъуысти.


Саугуырмау бон-сихорафон дӕ развӕндаг уырзӕй сгардзынӕ. Дӕ хъуыддӕгтӕй ницы фӕрӕстмӕ уыдзӕн, ӕдзухдӕр дӕ ссӕнддзысты ӕмӕ стигъдзысты, ӕмӕ дын сӕрылхӕцӕг нӕ уыдзӕн.


Дӕ зӕххы тыллӕг ӕмӕ дӕ къухты фӕллой дын, кӕй никуы зыдтай, уыцы адӕм хӕрдзысты, ды та дӕ бонтӕ ссӕст ӕмӕ ӕфхӕрдӕй тондзынӕ.


Йосефы байзӕддӕгтӕ загътой: «Хӕхбӕстӕ нын скъуындӕг ис цӕрынӕн. Дӕлвӕзы чи цӕры, уыцы ханаанӕгтӕм та — Бет-Шеан ӕмӕ йӕ сахаргӕрӕтты, стӕй Изреелы дӕлвӕзы — ис ӕфсӕндзагъд хӕстон уӕрдӕттӕ».


Дунедарӕг уыди Иудӕйы фарс, ӕмӕ хӕхты цӕрӕг адӕмтыл фӕуӕлахиз сты, фӕлӕ дӕлвӕзы чи цард, уыдоны нӕ басастой, уымӕн ӕмӕ сӕм уыди ӕфсӕн уӕрдӕттӕ.


ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой: «Тӕригъӕдджын стӕм Дӕ разы! Нӕ Хуыцауы ныууагътам ӕмӕ Баалтӕн лӕггад кӕнын райдыдтам!»


Ӕмӕ ныууагътой ӕцӕгӕлон хуыцӕутты, раздӕрау лӕггад кодтой Дунедарӕгӕн. Дунедарӕджы бон нал уыд Израилы хъизӕмӕрттӕм кӕсын.


Ӕстдӕс азы фӕстӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой, ӕмӕ та сын се ’хсӕнӕй ног фӕтӕджы сӕвзӕрста. Уый уыди Герайы фырт Ехуд, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй. Ехуд уыди галиуӕг. Израилӕгтӕ йӕ Моавы паддзах Еглонмӕ хъалонимӕ куы арвыстой,


Израилӕгтӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой, ӕмӕ сын Уый радта ирвӕзынгӕнӕджы, Гофниелы, Калевы кӕстӕр ӕфсымӕр Кеназы байзӕддаджы.


Сисера йӕ фарастсӕдӕ ӕфсӕн уӕрдоны, стӕй йын Харошет-Гоимы цыдӕриддӕр хӕстонтӕ уыди, уыдоны иууылдӕр Кишоны дӕлвӕзмӕ ӕрбакодта.


Уыцы заман израилӕгты фӕтӕг уыди Деворӕ, сылгоймаг-пехуымпар, Лаппидоты бинойнаг.


Сӕхицӕн ног хуыцӕутты равзӕрстой, ӕмӕ сӕ кулдуары раз хӕст куы бацайдагъ! Дыууиссӕдз мин израилаг хӕстонӕй йӕ арц кӕнӕ йӕ уарты сӕр кӕй бахъуыд?


Мидианӕгты ӕрбабырстытӕй израилӕгтӕ сӕ мӕгуыры хъистӕ хӕрынмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой.


ӕмӕ загътой Самуелӕн: «Дунедарӕгмӕ нын, нӕ Хуыцаумӕ, ӕнӕрӕнцойӕ кув, ӕмӕ нӕ филистимӕгтӕй фервӕзын кӕна».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan