Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 4:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Хеверы ус Йаел райста дзӕбуг ӕмӕ цатыр фидаргӕнӕн мих, сабыргай Сисерамӕ бахъуызыд, мих ын йӕ къӕмисӕны ныссагъта ӕмӕ йӕ зӕхмӕ ныххоста. Сисера фыр фӕлладӕй фынӕй уыд ӕмӕ уыцы ран амарди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 4:21
12 Iomraidhean Croise  

Нӕ тӕрсын, чи мыл ӕртыхсти, уыцы адӕмы ӕрдонгтӕй.


Сыгъдӕг Фыст дӕр уымӕн афтӕ зӕгъы: «Зондджынтӕн фесафдзынӕн се стыр зонд, ӕмбаргӕтӕ нал ӕмбардзысты».


Фӕлӕ Хуыцау сӕвзӕрста, дунейы цӕсты ӕдылы чи у, уыдоны, цӕмӕй фӕкъӕмдзӕстыг кӕна зондджынты, ӕмӕ лӕмӕгъты — цӕмӕй фӕкъӕмдзӕстыг кӕна тыхджынты.


Самсон ауыдта, чи нӕма бахус, ахӕм хӕрӕджы ӕфсӕр. Фелвӕста йӕ ӕмӕ дзы мин филистимаджы амардта.


Уӕд Ехуд, йӕ рахизфарс цы кард бамбӕхста, уый йӕ галиу къухӕй фелвӕста ӕмӕ йӕ ӕд фистон Еглоны гуыбыны ныссагъта. Кард ӕнӕхъӕнӕй нарды бацыд. Ехуд ӕй фӕстӕмӕ нал раласта ӕмӕ ахизӕны уылты рацыди —


Ехуды фӕстӕ Израилы фӕтӕг сси Шамгар, Анаты фырт. Хуымӕтӕг галтӕрӕн уисӕй Шамгар амардта ӕхсӕзсӕдӕ филистимаджы. Уый дӕр уыдис Израилы ирвӕзынгӕнӕг.


Сисера йын загъта: «Цатырмӕ бахизӕны раз слӕуу. Исчи куы ’рбацӕуа ӕмӕ дӕ куы фӕрса, цатыры исчи ис, зӕгъгӕ, уӕд-иу мӕ ма схъӕр кӕн».


Барак Сисерайы агурӕг куы фӕзынди, уӕд Йаел йӕ размӕ рацыд ӕмӕ загъта: «Рахиз мидӕмӕ, ӕз дын, кӕй агурыс, уый фенын кӕндзынӕн». Барак цатырмӕ бахызтис ӕмӕ федта: Сисера мардӕй хуыссы, йӕ къӕмисӕны — мих сагъд.


Уый йын загъта: «Ӕз демӕ ацӕудзынӕн, фӕлӕ ацы балц дӕу не скадджын кӕндзӕн. Дунедарӕг Сисерайы сылгоймаджы къухмӕ ратдзӕн». Ӕмӕ Деворӕ Баракимӕ Кедешмӕ ацыди.


Филистимаг ын загъта: «Лӕдзӕгимӕ мӕм цы рацыдтӕ? Ӕви дын куыдз дӕн?» Ӕмӕ йӕ хуыцӕуттӕй ралгъыста Давиды,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan