Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 4:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 ӕмӕ сӕ Дунедарӕг ханаанаг паддзах Йавины къухмӕ радта, уый хицауиуӕг кодта Хацоры сахары. Йавинӕн йе ’фсады хицау хуынди Сисера, царди Харошет-Гоимы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 4:2
11 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, айс мын мӕ куывд! Йаковы Хуыцау, фехъус мын мӕ лӕгъстӕ!


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон, уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг? Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон, уӕд-ма Мын бацамонут, кӕмӕй цы хӕсджын дӕн, цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон! Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ, уӕ фыдракӕндты тыххӕй уӕйгонд ӕрцыдыстут.


Цӕмӕй сӕ бафида, уый йӕм кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ паддзах бардзырд радта, цӕмӕй хӕсджынӕн йӕхи дӕр, йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты дӕр, стӕй йӕм исбонӕй цыдӕриддӕр ис, уый иууылдӕр ауӕй кӕной ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ хӕс бафидой.


Хацоры паддзах Йавинмӕ израилӕгты уӕлахизты хабар куы байхъуыст, уӕд арвыста Мадоны паддзах Йовавмӕ, Шимрон ӕмӕ Ахшафы паддзӕхтӕм,


Дунедарӕг смӕсты ис Израилмӕ ӕмӕ сӕ филистимӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгты къухмӕ радта.


Сисера йӕ фарастсӕдӕ ӕфсӕн уӕрдоны, стӕй йын Харошет-Гоимы цыдӕриддӕр хӕстонтӕ уыди, уыдоны иууылдӕр Кишоны дӕлвӕзмӕ ӕрбакодта.


Барак ын йӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ хӕстонты суанг Харошет-Гоимы онг фӕсырдта. Сисерайы хӕстонтӕ иууылдӕр цагъды фесты, иу дӕр дзы нӕ аирвӕзти.


Фӕлӕ уӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, куы ферох кодтой, уӕд сӕ Уый лӕвӕрдта Хацоры ӕфсады хицау Сисерайы къухтӕм, филистимӕгты къухтӕм ӕмӕ моаваг паддзахы къухтӕм. Уыдон хӕцыдысты уӕ фыдӕлтимӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan