Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 4:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Сисера бахатыди Йаелмӕ: «Дойны мын у, иу чысыл-ма мын дон авӕр». Йаел ӕхсыры лалым байгом кодта, Сисерайӕн ӕхсыр радта ӕмӕ та йӕ ногӕй ӕрӕмбӕрзта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 4:19
8 Iomraidhean Croise  

Мӕнӕ цъайы раз лӕууын ӕмӕ, ардӕм дон исынмӕ цы чызг рацӕуа, уымӕ бахатдзынӕн, дӕ дурыны донӕй ма мын авӕр, зӕгъгӕ.


Ӕмӕ Илийа уырдыгӕй араст ис Сарептӕмӕ. Сахары кулдуармӕ куы бахӕццӕ, уӕд дын кӕсы, ӕмӕ уым иу сылгоймаг артӕн каухалӕнтӕ ӕмбырд кӕны. Фӕдзырдта йӕм ӕмӕ йын загъта: «Истӕм-ма мын дон рахӕсс ӕмӕ бануазон».


Дунедарӕг загъта: «Мӕ мӕгуыр, Мӕ гӕвзыкк адӕм дойныйӕ мӕлынц ӕмӕ дон нӕ арынц, донмондагӕй се ’взаг сӕ комы ныххус ис. Фӕлӕ сӕ Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Хуыцау — фехъусдзынӕн, сӕ тыхсты сӕ нӕ ныууадздзынӕн.


Дон хӕссынмӕ ӕрбацыди иу самариаг сылгоймаг. Йесо йӕм дзуры: «Дон-ма Мын авӕр».


Йаел Сисерайы размӕ рацыд ӕмӕ загъта: «Рахиз мидӕмӕ, ме ’лдар, ма тӕрс». Сисера цатырмӕ бацыд, ӕмӕ йӕ Йаел хъӕццулӕй ӕрӕмбӕрзта.


Сисера йын загъта: «Цатырмӕ бахизӕны раз слӕуу. Исчи куы ’рбацӕуа ӕмӕ дӕ куы фӕрса, цатыры исчи ис, зӕгъгӕ, уӕд-иу мӕ ма схъӕр кӕн».


Арфӕгонд уӕд Йаел, кенаг Хеверы бинойнаг, цатырты цӕрӕг сылгоймӕгты ’хсӕн арфӕгонд у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan