Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 4:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Барак ын йӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ хӕстонты суанг Харошет-Гоимы онг фӕсырдта. Сисерайы хӕстонтӕ иууылдӕр цагъды фесты, иу дӕр дзы нӕ аирвӕзти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 4:16
13 Iomraidhean Croise  

кӕрдӕджы мур дӕр нал ныууагътой зӕххыл, сӕ быдырты дӕр нал баззади халсар.


О Хуыцау, нӕ сӕрылхӕцӕг! Дӕ аудӕг цӕстӕй ӕркӕс Дӕ байсӕрст паддзахмӕ!


Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, айс мын мӕ куывд! Йаковы Хуыцау, фехъус мын мӕ лӕгъстӕ!


Дон йӕ бынат ссардта ӕмӕ фараоны ӕфсад — уӕрдонӕй, бӕхджынӕй — иууылдӕр аныхъуырдта, иу дӕр сӕ нӕ аирвӕзти.


Фӕсте сӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтыл цы тыхджын ӕфсад сырдта, уый бабын ис. Ӕрхаудысты ӕмӕ сӕ бон нал баци сыстын. Сӕ зынг ахуыссыд, судзгӕ цырагъ куыд ӕрмынӕг вӕййы ӕмӕ ахуыссы, уыйау.


Иудейаг Ӕгъдау кӕмӕн нӕ уыд, афтӕмӕй тӕригъӕды чи бацыди, уыдон амӕлдзысты, фӕлӕ сын Ӕгъдау тӕрхонгӕнӕг нӕ уыдзӕн. Ӕгъдау кӕмӕн уыди, афтӕмӕй тӕригъӕды чи бацыд, уыдонӕн та тӕрхонгонд уыдзӕн Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ.


Хатыргӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхондоны хатыр нӕ уыдзӕн; хорзӕхджынӕн тӕрхонӕй тас нӕу.


Дунедарӕг аморӕгты удаист фӕкодта израилӕгты уындӕй, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ ныццагътой Гивоны цур. Стӕй сӕ Бет-Хороны ӕрхизӕныл суанг Азека ӕмӕ Македайы онг дӕрӕнгӕнгӕ сӕ разӕй ахастой.


Дунедарӕг сӕ израилӕгты къухтӕм радта, ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой. Цӕгатӕрдыгӕй сӕ Сидоны стыр сахары онг, ныгуылӕнӕрдыгӕй Мисрефот-Маимы онг, скӕсӕнӕрдыгӕй та Мицпейы дӕлвӕзы онг цӕгъдгӕ фӕсырдтой, аирвӕзыны фадат дзы никӕмӕн радтой.


Сисера ӕрбалыгъдис Йаелы, кенӕгты байзӕддаг Хеверы усы, цатырмӕ. Хеверы мыггаг Хацоры паддзах Йавинимӕ цӕдисонтӕ уыдысты.


ӕмӕ сӕ Дунедарӕг ханаанаг паддзах Йавины къухмӕ радта, уый хицауиуӕг кодта Хацоры сахары. Йавинӕн йе ’фсады хицау хуынди Сисера, царди Харошет-Гоимы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan