Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 4:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Уыцы рӕстӕг Дунедарӕг Сисерайы катайы бацӕуын кодта. Йӕ хӕстонтыл дӕр ӕмӕ, тохуӕрдӕтты чи бадти, уыдоныл дӕр, Барак куы фӕзынди, уӕд карды цӕфӕй амӕлыны тӕссӕй ризӕг бахӕцыди. Сисера та тохуӕрдонӕй рагӕпп ласта ӕмӕ лидзӕг фӕцис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 4:15
8 Iomraidhean Croise  

Уый Дунедарӕг сириӕгты хъустыл ауайын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсады уынӕр, тохуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ бӕхты мыр-мыр. Бакатай кодтой сириӕгтӕ: «Израилы паддзах нын хеттаг ӕмӕ мысыраг паддзӕхты ӕфсӕдтӕ нӕ ныхмӕ баххуырста, ӕндӕр ницы».


Уӕ амӕттаг сӕ бакӕндзӕн Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сӕ сӕр сӕ кой суыдзӕн, ӕмӕ сӕ иу дӕр удӕгасӕй нал аирвӕздзӕн.


Цы ма уын зӕгъон? Рӕстӕг мын нӕй Гедеоны, Баракы, Самсоны, Йеффайы, Давиды, Самуелы ӕмӕ иннӕ пехуымпарты тыххӕй радзурынӕн.


Дунедарӕг аморӕгты удаист фӕкодта израилӕгты уындӕй, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ ныццагътой Гивоны цур. Стӕй сӕ Бет-Хороны ӕрхизӕныл суанг Азека ӕмӕ Македайы онг дӕрӕнгӕнгӕ сӕ разӕй ахастой.


Самуел иууылсудзинаг нывонд куы хаста, уӕд филистимӕгтӕ ӕрбацӕйбырстой Израилмӕ. Уыцы бон Дунедарӕг филистимӕгты тыхджын ӕрвнӕрдӕй удаист фӕкодта, ӕмӕ дӕрӕнгонд ӕрцыдысты израилӕгты къухӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan