Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 4:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Сисерамӕ фӕхабар чындӕуыд, Авиноамы фырт Барак Фаворы хохыл ис, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 4:12
11 Iomraidhean Croise  

Сахуыр нӕ кӕн нӕ царды бонтӕ афтӕ нымайын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ суа куырыхон.


О Дунедарӕг, раздӕх нӕм! Кӕдмӕ нӕм мӕсты кӕндзынӕ? Батӕригъӕд кӕн Дӕ цагъартӕн!


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — хӕхты астӕу — Фавор, денджызы раз — Кармел хох. Уыдонау хъомысджын чи у, уый уӕм ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн.


Байхъусут, сауджынтӕ! Байхъусут, израилӕгтӕ! Уӕ хъус ӕрдарут, паддзахы галуаны чи цӕры, уыдон! Ӕнхъӕлмӕ уӕм кӕсы тӕрхон, уымӕн ӕмӕ Мицпайы уыдыстут къӕппӕгау, Фаворы та — кӕсагахсӕн хызау.


Саридӕй скӕсӕнӕрдӕм та арӕн ахӕццӕ Кислот-Таворы зӕххыты онг, уырдыгӕй ахызти Давератмӕ ӕмӕ ссыди Йафиамӕ.


Арӕн цӕгаты хӕццӕ кодта Фаворы хохмӕ, Шахацим ӕмӕ Бет-Шемешмӕ, скӕсӕны та банцад Иорданыл. Ӕдӕппӕт ӕхсӕрдӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ.


Ныгуылӕнӕрдӕм арӕн фӕзылд Азнот-Тавормӕ, уырдыгӕй та — Хукокмӕ. Хуссарӕрдыгӕй Неффалимы зӕххы ӕмарӕн уыди Зевулоны зӕхх, ныгуылӕнӕрдыгӕй — Асиры зӕхх, скӕсӕнӕрдыгӕй та, Иорданы былыл, — Иудӕйы зӕхх.


Уыцы заман Каины фӕдон Хевер кенӕгтӕй, Моисейы каис Ховавы фӕдонтӕй йӕхи фӕхицӕн кодта. Кедешмӕ хӕстӕг, Цаананнимы тулдзы цур, йе ’фсадимӕ рӕсӕнуат скодта.


Сисера йӕ фарастсӕдӕ ӕфсӕн уӕрдоны, стӕй йын Харошет-Гоимы цыдӕриддӕр хӕстонтӕ уыди, уыдоны иууылдӕр Кишоны дӕлвӕзмӕ ӕрбакодта.


Иу хатт Деворӕ фӕсидтис Авиноамы фырт Баракмӕ. Уый царди Кедешы сахары, Неффалимы зӕххыл. Куы ’рбацыди, уӕд ын Деворӕ загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы дӕуӕн: „Фаворы хохмӕ демӕ Неффалим ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕй дӕс мин хӕстоны акӕн ӕмӕ уым ӕрлӕуу.


Гедеон Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйы бафарста: «Хъуыды-ма кӕнут, Фаворы хохыл кӕй амардтой, уыцы адӕмы?» Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ йын дзуапп радтой: «Де ’нгӕс уыдысты, ӕддаг бакастӕй — паддзахы фырттӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan